logo

М О Я    О С Е Т И Я



Комы уазал сау æхсæв æрхуыссыд

Комы уазал сау æхсæв æрхуыссыд,
Арвæй рахауд мигътæм уæлæ мæй...
Цæй, фыссон, æмæ йæм ныр цы фыссон,
Исты йæ, мыййаг, мæ мæт куы нæй.

Дон фæйлауы... дон мæстыйæ ниуы,
Къæйтыл райсом – урс фынкæй тæмæн...
Сауцæст, саудзыкку цæры мæ риуы,
Сауцæст басаста мæ тых мæнæн.

Зæрдæ – сайд, фыдуаг сæнттæ нæ сысынц,
Зæрдæ ацыд, ахицæн мæнæй...
Цæй, фыссон, æмæ йæм ныр цы фыссон,
Исты йæ, мыййаг, мæ мæт куы нæйæ

1940 аз