logo

М О Я    О С Е Т И Я



Ды дзырдтай

Ды дзырдтай:
«Нæма уыдтæн Кавказы,
Никуы ахæтыд йæ цъититыл мæ цæст.
Æз уыдтон тыгъд быдыртæ мæ разы,
Уыдон уарзгæйæ фæцардтæн æз...»
Ды дзырдтай...
Фæлæ дæм æз нæ хъуыстон,
Мæйы бур æрфыгмæ уыд мæ каст.
Дымгæ уæд бæгънæг бæрзы æнкъуыста,
Сидзæрау уыд къулбæрзæй бæлас...
Ды дзырдтай...
Фæгуырысхо дæ уайтагъд...
Азылдтæ æмæ ныууагътай мæн...
Зæрдæ мæимæ кæдæмдæр атахт.
Зæрдæ атахт саудзыкку чызгмæ..

1941 азы октябрь
Камышин