logo

М О Я    О С Е Т И Я



Тугæхсырæмхæццæ рустыл

Тугæхсырæмхæццæ рустыл
Федтон æз сæууон æртæх...
Цæй, цæуыл мыл кæныс бустæ,
О мæ боны рухс, уый зæгъ!..

Æви æз дæуæн нæ бæззын,
Цардæн нæу мæ уд нывонд,
Æмæ сау бæндæн фæлæсы
Де 'взонг риуыл, судзы зонд?

Ма кæ, мауал мыл кæ бустæ,
Асæрф райсомы æртæх.
Æз дæу дæн, дæу дæн æнусмæ,–
Фод мын карз æвдисæн зæхх.                                    

1940 азы август