logo

М О Я    О С Е Т И Я



Куы сæтты тымыгъ

Куы сæтты тымыгъ
даргъ бæлæсты.
Уый хъæпæн фæндагыл куы 'рхуыссыд...
Кæй бон уыдзæни, кæ,
нæ фæстæ
Зæххы зæрдæйы маст
ныффыссын!.. Æз федтон
хъарм туджы суадон,
Лæджы буарæй æмбæрзт астым...
Гъей, сахъ нæртон,
æри дæ уадындз,
Нынкъусон зæхх æз
ризгæ уастæй!
Æри!
Мæн у дунейы арфæ,
Æз цард дæуæй
хуыздæр æмбарын...
Дæлдзæхы тымыгъ
фемæхст
арвæй,—
Сыгъзæрин хуры тынты
уарын.

1943
Ленинграды фронт