logo

М О Я    О С Е Т И Я



Æз мæ цард нæ нымайын æвгъауыл

Æз мæ цард нæ нымайын æвгъауыл:
Цард цæуы,
æхсæрдзæнтæй кæлы.
Мæн хъæуы
фæстаджы тохы 'рхауын,
Мæн хъæуы
сæрыстырæй мæлын...
Цæй, мæ фæндыр,
дзæгъæл дæ ныууагътон,
Нал мысын, мæ хорз хæлар, дæ уынд...
Æз, ныфсхаст цæргæс,
мæ базыртæ ысцагътон
Æмæ тымыгъмæ
æнхъæлмæгæс лæууын.

1941 азы сентябрь
Камышин