logo

М О Я    О С Е Т И Я



Бон нæма фæзынд

Бон нæма фæзынд
сæууон æртæхы,
Фесæфт хъамылы
æххормаг сынт.
Æз кæуын...
Æрзоныг кодтон зæххыл
Æмæ йын йæ риуæн
пъа кæнын.
Ма хъæрз, зæхх,
мæ уд фæрыст дæ мастæй;
Базæронд мæ лæппуйы буар...
Тугæй нал зыны
         дæ фæтæн астым.
Судзгæ 'мбисæндтæ —
нæмгуыты уард!..
Ма хъæрз, зæхх...
О бафæраз бæллæхы!
Уалæ скæсæны сырхдзыкку бон фæзынд.
Дымгæ тадзы
райсомы æртæхы...
Худы туджы 'ртæхты
хуры тын...
1943
Калинины фронт