logo

М О Я    О С Е Т И Я



Зымæг...

Зымæг...
Иу хъæмпын хæдзар —
фысым...
Цырагъ амарди...
Адджын фынтæ...
Бадын иунæг æз...
Мæнæ фыссын
Чъизи сыфыл
мæ судзгæ хъыгтæ.
Зæрдæ дзуры:
тæхуды, нынцъух
Тохы размæ
нæхимæ «сæнæй»!
Адон, ацы хъахбайтæ 'дзух...
Адон аккаг
фыдæбæттæ нæй!
Райсом — туджы пырхæнтыл
нæ цыд.
Бирæ нал баззад бонрухсмæ, нал.
Уæ, нæ зæхх, æз дæу тыххæй хæцын!
Уæ, фæу мын тыхст сахаты 'мбал;
Суазæг мæ кæн,
айс мæ,
мыййаг...
Нæй хъысмæтыл æууæндæн, нæй...

Ой, сæдæ царды ратдзæни знаг
Ацы сæры былдыхъы тыххæй!

1943
Калинины фронт