logo

М О Я    О С Е Т И Я



Тымыгъ даргъ уынгты хæты...

Тымыгъ даргъ уынгты хæты...
Æхсæв салд рудзгуытæй хъусы...
Цымæ афонмæ цы кусыс ды?..
О, цæмæй зонын, цы кусыс!
'Фхæрыс, чи зоны, дæхи:
«Радтон уымæн сомы карз æз...»
Хин дæ ды, мæ хъоппæг, хин.
Уарзыс, о!
Æмæ куыд уарзыс?..
Зонын æз, мæ хорз хæлар,
Тыхст, уырыд кæй дæ рæстæгмæ...
Дард дæ, дард мæнмæ, хæрз дард..
Фæлæ мæм
уæддæр
хæстæг дæ!.,

1942 азы февраль
Камышин