logo

М О Я    О С Е Т И Я



Дæ уæнгты 'нæкæрон ныфс уа

Дæ уæнгты 'нæкæрон ныфс уа,
Сæрибар уартхæссæг æфсад.
Ды та дæ сабыр цард
Ныууагътай...
Æнафоны нæ зæхмæ 'ртахти
Фыдгулы зилдухгæнæг зынг.
Хæцын у зын.
Фæлæ уæлахиз
Ды дæ, мæ уарзон бæстæ, ды!
Æнцад, куыдз-рыцар,
Размæ ма хиз,
Дæ ных сæтты!..
Æллæх, цæй тæригъæд у зæхх!..
Дæ тугæй чъизи кæны зæхх,
Йæ рухс цæсгом мæйдарæй ивы...
Æгъгъæд!
Ды сахуыр дæ фæливын.
Лæбур, дæ гæндзæхтæ уал цæгъд,
Мæлæты мад, æнаккаг талæу!
Фæзынд нæ фондзтигъон ыстъалы,
Уый фехста сау мигътæм йæ тын,
Налаты цард ыскъуынæг тын.
Уый зоны: мах ыстæм уæлахиз.
Æнцад, куыдз-рыцар,
Размæ ма хиз,
Дæ ных сæтты!..                                                           

1941 азы 22 июнь