logo

М О Я    О С Е Т И Я



Уый федтон æз... Дыууæзæрастæу

Фæдзурынц мын: «Ныууадз дæ фæндыр,
Кæнæ та бацагай дæ бæх.
Поэт уæвын кæй нæ фæфæнды,
Фæлæ нæуæгæй исты зæгъ.

Цард хорз у, уый фыстой ма раздæр...
Лæджы фæзмын æмбисонд нæу.
Кæдæмдæр музæ цалдæр азы
Дзæгъæл быдырты скъæфы дæу».

æмæ фырадæргæй мæхицæн
æппындæр нал ф' арын бынат.
Фæбæллын: ехх, кæмæй фæхицæн
Поэтикон лæмæгьдзинад!

1939