logo

М О Я    О С Е Т И Я



ФÆСТАГ САЛАМ

Бæлас йе 'ртæх тауы зæххцыл,
Уады 'нкъуысынæй фæллайы...
Асæргъыг кæнон мæ бæхы
Æмæ дард быдыртæм уайон.

Нæй мын фæсвæндагмæ здæхæн,
Карз тохы цæры мæ амонд...
Ма мæм хъамбул кæн фыдæхау.
Цæй, дæ фæндырæй æрцамон.

Æз æркъул кæнон мæ саргъыл,
Бæлæсты ныххырхон кардæй...
Гъей, зæгъут-ма, цавæр аргъæй
Балхæндзæн лæг амонд царды?

Æз лæгæй лæдæыхъæд домын,
Хорзы агурын æмбалæн...
Сау æфсургъы чи уромы!..
Уалæ 'рхауы боны стъалы...

Ды цæрдзынæ ам нæ фæстæ...
Ратт фæстаг салам ныр махæн...
Ницы мæ хъæуы, æрмæстдæр
Бахуд!..                                                                
1941 азы 15 июль Елхот