logo

М О Я    О С Е Т И Я



Æхсæв дæ дзыккутау куы 'рхауы

Æхсæв дæ дзыккутау куы 'рхауы,
Йæ тарф фынтыл куы вæййы зæхх,
Æмæ фæлмæсты цæстыхаутау
Куы суымæл кæны хъæды 'ртæх,

Уæд æз мæхинымæр фæзæгъын:
«Тæхуды, фен ма дæ æрмæст,
Æрбад дæ уæлрудзынг æртæхау,
Æртæхау рудзынгыл æрлæс!..»

1941 азы сентябрь
Камышин