logo

М О Я    О С Е Т И Я



ФÆЗМЫН ХОРЗ НÆУ,
кæнæ
АХУЫР ДÆ КÆНЫН,
науæд та
ДÆНДАДЖЫ ХОС

Чысыл сабитæн цыбыр худæджы ныв

Ирон хæдзар. æвзонг æфснайд сылгоймаг бадгæйæ цæимæдæрты архайы,
йæ ми йæ къухæй нæ цух кæны. Кæронмæ дæр йæ куыст нæ уадзы.
Фæзмгæ кæны фæлмæн хъæлæсæй, хъазæгау.

Ф ы р т (авдаздзыд лæппу, æрбацыди нæтгæ).   Гъыт!   Гъыт!
М а д (ракасти лæппумæ, цæуыл нæты, уый фембæрста æмæ йæ сфæзмыдта). «Гъыт! Гъыт!».
Ф ы р т (иудзæвгар джихауæй аззади). Нана, стонджы мын у! Гъыт! Гъыт!
М ад (йæ куыст кæны, фæзмы йæ), «Нана, стонджы мын у! Гъыт! Гъыт!»
Ф ы р т (æнæууæнк кæстытæ кæны йæ мадмæ). Дзул мæ хъæуы! Гъыт! Гъыт!
Мад. «Дзул мæ хъæуы. Гъыт! Гъыт!»
Ф ы р т.  Нана!  (Тынг тыхсы.)
М а д.   «Нана!»
Ф ы р т. Гъæй! (Йæ мидбынаты йæхи батылдта.)
Мад. «Гъæй!» (Уый дæр йæхи базмæлын кодта.)
Фырт. Æ-Æ-Æ-Æ!..    (Йæ къухтæ сцагъта.)
М а д. «Æ-Æ-Æ-Æ!» (Уый дæр йæ къухтæ базмæлын   кодта.)
Фырт (кæугæйæ, тарст хъæлæсæй). Нана, афтæ ма  кæн!
М а д. «Нана, афтæ ма кæн!»

Фырт ныббогъ кодта æмæ йæ мады хъæбысы бадæлгом. Мад лæппуйы сæр йæ уæрджытыл æрæвæрдта æмæ йæ рæвдауы. Фырт æрсабыр.

Цæмæн дæ фæзмыдтон уый дын зæгъон?
Ф ы р т   (йæ сæр   систа,   кæуындзастæй). Зæгъ!
М а д. Хин кæй дæ, уый тыххæй. Фæзмын хорз нæу, фæлæ хин митæ кæнын та ноджы дæр фыддæр у. Дæхи дарын нæ зоныс æмæ дæ ахуыр кæнын. Нæтгæ цæмæн æрбацыдтæ? Стонджы дын у? æрбацу æмæ зæгъ: «Нана, стонджы мын у æмæ мын дзул ратт».
Фырт (дисауæй). А-а!.. æмæ уæдæ, нана, исты куы курай, уæд кæуын нæ хъæуы?
М а д. Нæ хъæуы. Цы кæнай, уый æргомæй. Хин митæ нæ бæззынц.
Фырт (фæхъæлдзæг, рог хъæлæсæй). Уæдæ мын, нана, стонджы у æмæ мын дзул ратт.
Мад (бахудт æмæ сыстад). Уæ, нана дæ рынтæ бахæра!  (Къæбицмæ бацыд.)
Ф ы р т (йæ фæдыл кæсы, кæуынæввонг акодта). Нана! Гъыт!.. Гъыт!.. (æваст фæхъус.) Куы нæ... æз, нана, кæугæ нæ кæнын... Уастырджистæн, нæ кæнын!.. (Хъæлдзæг хъæлæсæй, æдæрсгæ.) Нана, стонджы мын у æмæ мын уæдæ цыхт дæр ратдзынæ?
М а д (къæбицæй рацыди, худы). Гъа, ай дын дзул, ай та дын цыхт. Сбад æмæ хæр! Уæ, мæ   хинæйдзаг хъæбул, мæ дунейы рухс, мæ зæрдæдарæн! (Йæхимæ йæ æрбайста æмæ йыл цинтæ   кæны.  Стæй сбадт æмæ та ми кæныныл  фæхæцыд.)
Ф ы р т (фынджы фарсмæ бады йæ мады цур æмæ хæры, йæ къæхтæ тилы). Нана! æмæ уæдæ гæды исты куы фæкуры, уæд «миау-миау» цæмæн фæкæны?
М а д. Гæды дзурын нæ зоны, мæ къона, «миау-миау» зоны æмæ йæ кæны.
Ф ы р т. А-а!.. Уæд куыдз дæр йæ къæдзил уымæн фæтилы... Дзурын куы зонид, уæд-иу æй нæ тилид. æццæй, нана?
М а д. О, мæ къона, о!
Фыд (æрбацыд, йæ русыл хæцы). М-м...
Ф ы р т (ракаст йæ фыдмæ,   æваст   бахудти, стæй йæ русыл фæхæцыд æмæ йæ сфæзмыдта). «М-м»...
Ф ы д. М-м... Мæлын, не 'фсин, мæ дæндагæй, тагъд — арахъхъ!
Ф ы р т. «М-м... Мæлын, не 'фсин, мæ дæндагæй, тагъд — арахъхъ!».
М а д (йæ моймæ). Мæ къона байхæлди, цы дыл æрбамбæлди?   (Къæбицмæ бацыди).
Фыд (кæсы йæ фыртмæ). Цы мард дыл æрцыди дæуыл та?
Фырт. «Цы мард дыл æрцыди дæуыл та?»
Ф ы д (дисауæй). æрра дæ æви дæ сайгæ фæчынди?
Ф ы р т. «æрра дæ æви дæ сайгæ фæчынди?»
Ф ы д (фæмæсты). Банцай, къулбадæг.
Ф ы р т.   «Банцай,   къулбадæг!»
Ф ы д. Ай дын мæрдты фыдæмбисонд!
Фырт.   «Ай дын мæрдты фыдæмбисонд!»
М а д (къæбицæй рацыди, тарстхуызæй). М' арт бауазал ис!..
Фыд. Не, 'фсин ацы лæппуйыл цы 'рцыди?
Ф ы р т. «Не 'фсин, ацы лæппуйыл цы 'рцыди?»
М а д. Ницы, нæ лæг, ницы... Ма смæсты у, дæ хорзæхæй!.. Мæ къона, цæмæн фæзмыс дæ фыды?
Фырт (хæрынмæ та бавнæлдта). Хин кæй у, уый тыххæй. Фæзмын хорз нæу, фæлæ хин митæ кæнын та ноджыдæр фыддæр у. Йæхи дарын нæ зоны æмæ йæ ахуыр кæнын. (Йæ фыдмæ.) Нæтгæ цæмæн æрбацыдтæ? Стонджы дын у? æрбацу æмæ зæгъ: «Не 'фсин, стонджы мын у æмæ мын  арахъхъ ратт».
Ф ы д (йæ усмæ). Ацы миниуæг дæуæй рацæугæ у?
М а д. æмæ уый æнхъæл чи уыди, нæ лæг!..
Фыд (йæ къухтæ ныццагъта). Уæ, хæйрæг дæ бахæра, мæ фырт! Мæ дæндагниз мын фæлидзын кодта, сымахыстæн! Арахъхъ дæр мæ  нал   хъæуы.
М а д. Нана дæ фæхъхъау фæуа, мæ хъæбул. (Йæ хъæбысмæ йæ æрбайста.)

æмбæрзæн

1911 азæй 1936 азы 'хсæн