logo

М О Я    О С Е Т И Я



АДÆМЫ ЛÆГ

Адæймаджы истори куы райдыдта, уæдæй Стыр Октябры онг мингай-мин æнусты дæргъы зæххыл ахæм бæстæ никæд уыдис, адæм æфсымæртау кæм цардысты, се 'хсæн æнгом иудзинад кæм уыдис, сæ цин æмæ сæ хъыг иумæ кæм æвзæрстой æмæ бартæй-фæрæзтæй æмхуызон кæм уыдысты. Адæм кълассон æхсæнады кæддæриддæр кодтой æмæ кæнынц дыууæ дихы. Уымæй мæгуыртæ сты æнæнымæц бирæ, бонджынтæ та нымæцæй бирæ не сты. Исбон кæмæ ис, гарз дæр уымæ ис æмæ тыхджын дæр уый у. Уæлахиздзинад кълассон æхсæнады мидæг мах заманы онг никæд сцух бонджынты къухæй æмæ æхсæны царды мидæг хицаудзинады бартæ кæддæриддæр уыдысты уыдонмæ. Адæмæн æлдарад кæнгæйæ æнауæрдонæй æндзæрстой бонджынтæ сæхи гуылы бын æмæ фыдæлтæй нырмæ фидарæй-фидардæр кодтой сæ бадæн мæгуыр фæллойгæнæг адæмы æккой æмæ сын «æхсныфæй нуæзтой сæ туг».
Фæлæ ахæм рæстæг дæр никæд уыди, мæгуыр фæллойгæнæг адæм сæ цагъайраджы æфсондз разæнгардæй кæд хастой æмæ тугцъир бонджынтимæ мæлæтдзаг тох кæд нæ кодтой. Бæстæ — иу, æвзаг дæр — иу, фæлæ адæм — дыууæ дихы, дыууæ кълассы, къласстæ — фыдызнаг кæрæдзийæн. Афтæ уыдис æмæ у кæмдæриддæр адæмты цард мах бæстæй уæлдай. Уымæ гæсгæ адæмты æхсæны царды истори у кълассон тохы истори.
Ацы раныхас зæрдыл даргæйæ зын бамбарæн нæу: ирон адæм афтæ кæмæй фæзæгъынц, ай адæмы лæг у, зæгъгæ, уый кæй нæ вæййы æцæг адæмы лæг, фæлæ кæй вæййы дыууæ кълассæй иуы лæг, йæ хорзыл кæмæн фæауды æмæ кæй сæрыл æрхæссы йæхи хаттæй-хатт нывондæн дæр.
Кæд фæзыны ахæм лæг? Цард бынат цæмæн нæ дæтты, уымæн равзæрæн дæр нæй. Адæмы лæг дæр арвæй не 'рцæуы, фæлæ йæ кълассон интерес агурын куы байдайы, уæд фæзыны æмæ йæ цард бахъомыл кæны, хорз æй сфæлдисы гарзæй æмæ йæ бацæттæ кæны, йæ туг æмæ йе стæг чи у, уыцы кълассæн фидар æгъдæнцойæн. Цалынмæ къласс йæ иудзинад æнкъарын байдайы, уалынмæ алы мæгуыр дæр æмæ алы бонджын дæр йе знагимæ тох кæны иунæгæй æмæ ахæм йæхи нæ зонæг кълассы æхсæн нæма вæййы бынат адæмы лæгæн. Къласс йæхи зонын куы байдайы æмæ йе знаджы ныхмæ йæ тых æмбырд кæныныл куы свæййы, уæд æм фæзыны адæмы лæгтæ дæр.
Мах, ирон адæм, нæ истори хорз нæ зонæм æмæ нæм ивгъуыд заманты кълассон тох цы формæты цыдис æмæ нæм цавæр адæмы лæгтæ уыдис, уый кæронмæ раргом кæнын нæ къухы нæма бафтыд. Уый ивгъуыд заманты, фæлæ Кавказы хæхты 'хсæн а фæстаг фæлтæрты кълассон тох куыд цыдис, уый æнæзонгæ не стæм. Уыцы кълассон тохы историйы чиныгæн нырма йæ сау ахорæнæй æвæрд дамгьæтæ хус дæр нæма баисты, фæлæ уæддæр абоны бон мах тынг хорз зонæм Ирыстоны мæгуыр фæллойгæнæг адæмы тох Уæрæсейы цъулбертимæ, урс паддзахы сатраптимæ, Гуырдзыстоны хытъынджын кънйæзтимæ æмæ нæхи «уæздан» тæгиатæ æмæ бадилатимæ. Уыцы стыр тохы мидæг хъару дæр хъуыдис æмæ дзы хъуыдис лæджы сæр дæр. Мæгуыр фæллойгæнæг адæм цы хъару равдыстой уыцы тохы, уый абоны бон гуырысхойаг нал у æмæ йыл дзургæ дæр бирæ нæ фæкæндзыстæм. Уæдæ уыцы мæлæтдзаг тохы лæгтæ дæр куыд нæ уыдаид дыууæрдыгæй дæр. Уыди дзы лæгтæ дæр. Уыцы лæгтæй, адæмы лæгтæ кæй хонынц, кълассон тохы зынгæдæр чи вæййы, уыдонæй иу уыди Къоста.
Цавæр заман æрбацыди Къоста ирон адæмы цардмæ?
Кавказы бæрзонд хæхты астæу, арф уынгæг кæмтты мидæг, айнæг къæдзæхы риуыл æнæрайы куыстæй сæ хъару сыстис Ирыстоны мæгуыр фæллойгæнæг адæмæн. Уæрæсейы тугмарæг пъæззы — хæдхæцæг паддзах — фидар æрлæууыдис Ирыстоны риуыл æмæ фæллойгæнæг адæмæн сæ уд сæ хъуырмæ скодта. Йæ налат сатраптæ, йæ цъаммар жандармтæ ехс æмæ уисæй мæгуыр адæмы донмæ тардтой æмæ сæ фæстæмæ здæхтой æнæ донæй. 
Нæ мæгуыр Ирыстон бацахста колонийы бынат æмæ дзы жандармы ехсы æхсарæй Уæрæсейы капиталисттæ æмæ нæхи цъулбертæ мæгуыр зæхкусæг адæмы фæллой цъырдтой æввонгæй. Паддзахы политикæ нæ Иры фæллойгæнæг адæмæн талынг кæмттæ ингæнæн саккаг кодта æмæ сын фидар æрæхгæдта сæ рацæуæнтæ уæрæх быдырмæ. Быдыры зæххытыл фидар æрбадтысты — Цæгат Ирыстоны — хъазахъхъ æмæ нæхи «уæздæттæ», Хуссар Ирыстоны та — гуырдзыйы кънйæзтæ. æнæ зæххæй мæгуыр адæм сæфтмæ цыдысты æмæ бабын уæвыны цæйнæфæлтау хъазахъхъæн, «уæздæттæн», гуырдзыйы кънйæзтæн æмæ паддзахы инæлæрттæн хъалон фыстой æмæ уыдон зæххытыл æнæрайы куыстæй сæ хъару ихсийын кодтой.
Ехсæй нæмынæй дарддæр мæгуыр адæмы царды фадæттæ фæхуыздæр кæныныл сагъæс нæ кодтой паддзахы сатраптæ, æмæ зæхкусæг адæмæн бонвыддæр кодта сæ цард. Зæххы куыст кæнынæй дарддæр мæгуыр адæмы къухы нæ уыди ницы æндæр фæрæзтæ: нæ сæм индустрийæн йæ кой, йæ хъæр уыди, нæ сæм къухы куыстытæй искæцы дæсныйадæн уыди бынат. Къуындæг дурджын хуымтыл æмæ «уæздæтты» зæххытыл сæ хъару кæронмæ хардз кæнгæйæ уыдонмæ æрдзæй æфсисваг æфтиаг нæ цыдис æмæ стонг æмæ бæгънæгæй сæфтмæ цыдысты. Гуыргæ сæм цы кодта, уымæй сæм фылдæр кодта мæлгæ, уæддæр не 'ййæфтой æфсæст æмæ мингæйттæй лыгъдысты Ирыстоны уынгæг кæмттæй — чи Уæрæсемæ, чи Америкæмæ.
Цъаммар жандармтæй фыдызнагдæр уыдысты Ирыстоны фæллойгæнæг адæмæн паддзахады нæхирдыгон фæсдзæуинтæ: тæгиатæ, бадилатæ, Гуырдзыстоны кънйæзтæ, ирон инæлæрттæ, ирон сауджынтæ æмæ нæ хъæууон цъулбертæ — зæхджынтæ, фосджынтæ æмæ дуканиджынтæ. Уыдон жандармты разæй дæр мах Ирыстоны мидæг уыдысты паддзахы фидардæр æгъдæнцой. Уыдон æххуысæй æмæ уыдон къухæй тынгдæрæй тынгдæр æлвæстой Уæрæсейы паддзах æмæ Уæрæсейы буржуази фæллойгæнæг Ирыстоны хурх.
Ахуырадмæ фæллойгæнæг адæмæн фæндаг уыди фидар æхгæд, æмæ дунейы культурон цардæй нæ уыди уыдонæн хай. Сæхи æвзагæй сæ æгъдауыл дзурын дæр нæ уагътой, ирон чиныг та сæ цæстæй дæр нæ уыдтой. æцæг ахуырады бæсты сын аргъуаны скъолаты се 'нæфæлтæрд зæрдæ тынгдæр талынг кодтой дины гæдыдзинæдтæй.
Афтæ уыди Ирыстоны фæллойгæнæг адæмы царды сурæт Къостайы заманы.
Кæцы классы лæг уыди Къоста? Бонджынты амондæн рахъомыл Уæлладжыры комы æфцæгрæбын туаллаг мæгуыр хъæу Нары æви уыди мæгуыр фæллойгæнæг адæмы лæг, мæгуыр зæхкусæг адæмы ахсджиаг хъæбул?
Цардæгас сты нырдæр ма Къостайы фæлтæрæй бирæтæ, йæ цардæн æвдисæн чи уыдис æмæ йын йæ алы къахдзæф дæр тынг хорз чи зоны. Уыдон, бафæрсгæйæ, радзурдзысты, Къоста мæгуыр фæллойгæнæг адæмы уæйгæнджытимæ куыд тох кодта, уый. Уыдон радзурдзысты, Къоста паддзахы ирон инæлæрттимæ, стæй уыдон æмдзæуинтимæ куыд быцæу кодта, æмæ    йыл    уыдон   æрвылбон  арт куыд æндзæрстой, уый. Уыдон ноджыдæр радзурдзысты, паддзахы сатраптæ Къостайы Уæрæсейы къуымты куыд фæратæр-батæр кодтой æмæ йæ Ирыстоны мæгуыр фæллойгæнæг адæмимæ йæ цæргæ-цæрæнбонты ацæрын куыд никуы бауагътой, уый.
Ноджы фидардæр æвдисæн Къостайы цард, Къостайы хъуыддæгтæн — паддзахы сатрапты архивты Къостайы тыххæй цы гæххæттытæ фыст ис, уыдон. Уыцы гæххæттытæй зыны, нæ Иры «уæздæттæ» æмæ нæ ирон инæлæрттæ Къостайыл арт куыд æндзæрстой, уый. Уыцы гæххæттытæй зыны, паддзахы сатраптæ Къостамæ фыдæх кæй уыдысты æмæ йæм знаджы цæстæй кæй кастысты, уый. æппынфæстаг, уыцы гæххæттытæй зыны, Къоста хицæутты цæсты революционерыл нымад кæй уыдис æмæ йæ уымæ гæсгæ Ирыстоны цæрын кæй нæ уагътой, уый.
Фæлæ Къоста кæцы кълассы лæг уыдис, уымæн уæддæр хуыздæр æвдисæн у йæхи поэзи — йæ зæрдæхалæн хъарджытæ, йæ «Ирон фæндыр».
Къоста æдзынæг æркасти мæгуыр фæллойгæнæг адæмы цардмæ æмæ дзы рухсы цъыртт не ссардта. æвадат царды мидæг стонгæй, бæгънæгæй æмæ куырмæй хылдысты кæдæмдæр мæгуыр зæхкусæг адæм. Се 'ккой пъæззыйы бадт кодтой алыхуызон хæддзу æлдæрттæ æмæ сын уыдон тыхкуыстæй сæ хъару сысын кодтой. Нæдæр дзырды бар, нæдæр уынаффæйы бар уыдис мæгуыр адæммæ, нæдæр сæ иумæ сæ цардыл æрсагъæс кæнын уагътой æмæ кæрæдзийæ иппæрдæй, бирæ хæттыты кæрæдзи мидæг ерысы цæугæйæ талынг кæмтты фосы цард кодтой. Кæронмæ нæдæр се знаджы хорз æмбæрстой, нæдæр сæхи иудзинад æмбæрстой æмæ афтæмæй лæмæгъæй-лæмæгъдæр, æдыхæй-æдыхдæр кодтой.
Цы 'взагæй дзурын æмбæлдис ахæм заман адæмимæ æмæ сæ цæмæ æрхъусын кæнын хъуыдис? Стæй цавæр хъæлæсæй уыди дзурæн, паддзахы жандармы зæвæты бын тыхулæфт чи кодта, уыцы адæмимæ?
Къоста йæ «Ирон фæндыр»-ы йæ сæрæй йæ кæронмæ кæны мæгуыр зæхкусæг адæмæн сæ мæгуырдзинады сагъæстæ.
Мæгуыр фæллойгæнæг адæмы зæрдæтæм Къоста уæрæх фæндаг кæй ссардта æмæ сын сæ туг æмæ сæ зонд кæй сызмæлын кодта йæ зæрдæхалæн уацмыстæй, уый гуырысхойаг нæу. æгас Ирыстоны нырма авдæнæй ахæм гуырд нæма рацыди, Къостайы хуызæн мæгуыр фæллойгæнæг адæм æмхуызонæй афтæ зæрдиагæй кæмæ ныхъхъуыстой æмæ афтæ кæй бауарзтой. «Нæ Иры ахсджиаг хъæбул», «нæ хуыздæр», «нæ иунæг»,— ахæм нæмттæй хуыдтой Къостайы Ирыстоны фæллойгæнæг адæм. æмæ Къоста бæлвырдæй уыди фæллойгæнæг адæмы ахсджиаг хъæбул. «Мæ мæгуыр Ирыстон»,— афтæ сиды Къоста йæ зарджыты ирон адæммæ. «Мæгуыр Ирыстон» тæгиатæ æмæ бадилатæ кæй не сты, науæд нæ ирон инæлæрттæ, уый гуырысхойаг нæу. «Мæгуыр Ирыстон» уыдысты мæгуыр зæхкусæг адæм, æмæ уыдон фæхъхъау кодта æнæмæнгæй Къоста йæ цард, йæ зонд дæр, йæ хъару дæр.
Абоны барæнтимæ Къостамæ æнæздæхгæ нæй, фæлæ йæ уыдонæй   барын хъæуы арæхстгай, тынг фæрæдийыны цæйнæфæлтау.
Къоста нæу пролетарон фыссæг   æмæ   не 'вдисы йæхи пролетарон    идеологийыл    хæст фыссæгæй дæр. Къоста у мæгуыр    зæхкусæг адæмы фыссæг æмæ    йæ уацмыстæн   æрмæг исы айдагъ уыдон цардæй, фæлæ уыцы   æрмæг у куынæг æмæ мæгуыр зæхкусæг адæмы дæр   куыд къласс   афтæмæй равдисын  Къостайæн æххæстæй йæ къухы нæ бафтыди. Кæд сæ нæ бонджынтимæ иу нæ кæны, уæддæр сын се 'хсæн цæхгæр арæн дæр не 'вæры.    Фæллойгæнæг адæмы фыдгултæ, сæ царды фыдбылызтæ дæр ын   æххæстæй    æргомгонд   не 'рцыдысты. Зæгъæм   динæй.    Къоста   диныл тынг æнувыд у, уый йæ уацмыстæй нæ зыны, фæлæ дин мæгуыр адæмæн сæ    фыдбылызты ахъаззæгтæй иу у, уый кæй нæ зоны, уый бæлвырд зыны йæ уацмыстæй, кæд дзы хуыцауы ном фылдæр хæттыты æрмæст ныхасы рæсугъддзинадæн æрæвæры, уæддæр.
Къоста кæд æрмæст Ирыстоны фæллойгæнæг адæмы кой кæны, уæддæр ын дард не сты иннæ бæстæты мæгуыр фæллойгæнæг адæм дæр æмæ дзы уымæ гæсгæ нæй зæгъæн, националист у, зæгъгæ. Иу адæмы фыдкой дæр нæ кæны æмæ ирон адæмæй дæлдæр никæй æвæры йæ зарджыты, йæ кадджыты, фæлæ Ирыстоны фæллойгæнæг адæмæн иннæ бæстæты фæллойгæнæг адæмимæ сæ кълассон интерес иу кæй у æмæ сæ кълассон тохмæ сæ тых иу кæнын кæй хъæуы, уый тыххæй дæр йæ уацмысты ницы ис.
Паддзахы ахæстоны, ома, Уæрæсейы, науæд Ирыстоны улæфынæн æнцондæр фадат куы уыдайд, уæд, чи зоны, Къостайы уацмысты дæр уыдаид къаддæр хъæнтæ. Мæгуыр зæхкусæг адæмы хъæбулæй, паддзахы хъадамантæй баст адæмы хъæбулæй, арф æмæ уынгæг кæмтты стонг æмæ бæгънæгæй талынг царды мидæг сæфтмæ цæуæг зæхкусæг адæмы хъæбулæй, йæ дзыхыл цъутта æвæрд кæмæн уыди, чиныг чи никуы федта, газет æмæ журнал цы сты, уый чи нæ зыдта, уыцы адæмы хъæбулæй абоны бон æнцон бацагурæн нæу æххæст пролетарон идеологи. æмæ кæд уыцы æгъдауæй Къоста цуды, уæддæр пролетарон цæстæнгасæй дæр Къостайы уацмыстæн сæ тых æмæ сæ хъару гæзæмæ не сты.
Ирыстоны талынг ахæстоны хъадамантæй баст адæмы 'хсæн дзурæн æмæ фыссæн нæ, фæлæ улæфæн дæр æгъдауыл кæмæн нæ уыди, йæ кълассон иудзинад æххæстæй чи нæма бамбæрста, паддзахы жандармтæ се 'хсæн не сырæзыны тыххæй кæрæдзиуыл æмæ сыхаг адæмтыл æнцонæй ардауын кæй фæрæзтой æмæ уыйадыл йæ тых куынæгæй-куынæгдæр кæмæн кодта, уыцы адæмы 'хсæн Къостайы зæрдæхалæн хъарджытæ сæ рæстæджы уыдысты ирон фæллойгæнæг адæмы зæрдæ революционгæнæг егъау тых, æмæ уымæ гæсгæ нæ мæгуыр зæхкусæг адæмы 'хсæн Къоста æнæмæнгæй уыди революцион идейæтæм бацæттæ кæныны фæрæзтæ аразæг. Къостайы зарджытæ равдыстой адæмæн сæ мæгуырдзинады сурæт æмæ'сын сæ риу байдзаг кодтой рухсмæ тырнындзинады фæндонæй. Къостайы зарджытæ сызмæлын кодтой адæмы туг, ссыгътой сын сæ зæрдæты фыдæхдзинады арт алыхуызон хæддзу æлдæртты ныхмæ. Къостайы зæрдæхалæн хъарæг «Додой» æртхъирæны додой сси ирон адæмы дзыхы. Къоста йæ зарджытæй феххуыс кодта Ирыстоны фæллойгæнæг адæмæн сæ цæстытæй сæ ракæсын кæнынæн, сæ кълассон иудзинад бамбарыны фæндагыл бафтынæн.