logo

М О Я    О С Е Т И Я



НОГ ЧЫНДЗ (Ларса  ‘мæ Хухайы кадæджы скъуыддзаг)

                     1-аг зарæг

                       1
Базæронд хорз Цæлыкк — сау барæг нал у,
Байсысти донау Цæлыккæн йæ хъару,
Батади митау Цæлыккæн йæ тых.
Бахуыскъ и й' астæу, йæ цæсгом нырраууат,
Ауæдзæй конд хуымау байдзаг йæ ных.
Нал бæззы хорз Цæлыкк, иууыл ныззаууат,
Иууыл ныххæррæгъ Уæлæсыхы 'лдар,
Кадджын мыггагæн йæ номдзыд бындар.

2
Хæтæнты й' афоны бирæ фæхатти.
Рагæй-æрæгмæ кæд иу лæг нæ бадти
Ирæй, Кæсæгæй Цæлыккау бæхыл.
Рагæй-æрæгмæ кæд иу лæг нæ уарзта
Балц кæнын саргъыл Цæлыккау зæххыл.
Дард балцы искæй фæндагæй нæ фарста,–
Искæмæй кургæ нæ кодта, миййаг,
Хорз бæхыл размæ йæхицæн фæндаг.

3
Хохæй-быдырæй йæ митæй, йæ зондæй
Алыран адæм — лæппуйæ, зæрондæй,
Кадджынæй, номдзыдæй Цæлыччы зыдтой.
Дардæй, хæстæгæй, уæд Ирæй, Кæсæгæй
Раджы Цæлыккæн кæм нæ уыд йæ кой?   
Ногъайæн се 'лдар бæлвырдæй, æцæгæй
Сау барæг, сау гуырды хорзæн зыдта,
Рагæй дæр йе 'мцекк Цæлыччы хуыдта.

4
Хурау æрттивгæ, кæд хурау æххæстæй
Рацыд-иу сау бæхыл, рацыд йæ бæстæй
Хорз Цæлыкк балцы цæгатырдæм дард.
Сау нæмыг хизы нæ барæджы знагæй,
Фидар у цонгæй, хæрзцыргъ у йæ кард.
Афтидæй не здæхт йæ бæстæм фæндагæй:
Алыхатт йемæ, йæ разæй лæгау
Хорз Цæлыкк тардта Куырттатæм рæгъау.

5
Иу лæг йæ фæдыл Куырттатæм нæ уæндыд
Бацæуын фосагур — знагæй кæй фæндыд
Бафтын Цæлыккмæ, уæлдайдæр æхсæв?
Знаг лæг Цæлыккæн нæ ирвæзти комæй —
Тагъд уыд йæ нæмыг, мæлæтдзаг — йæ цæф.
Бафтид-иу уазæг Куырттатæм æргомæй,
Разынид номдзыд лæг, разынид сау —
Радта-иу хорз Цæлыкк кад æмæ 'гъдау.

                            6
Цард ыл ныддаргъ и, фæивгъуыд йæ рæстæг.
Нал уыны фæндаг, йæ ингæн æрхæстæг,
Рахызти сау бæхæй, дурыл æрбадт.
Бæстæтыл, адæмтыл хохæй, быдырæй
Сау бæхыл хорз Цæлыкк рогæн фæхатт.
Раууатæй, хæлддзагæй, къулсæр-гуыбырæй
Хорз Цæлыкк дурыл ныр баддзæн æдзух,
Амондæй цух уыдзæн, цардæй дæр — цух.

                            7    
Райсом йæ бонтæй зæгъдзæнис: «æгъгъæд у».
(Мард у йæ хорз ус, йæ фырт дæр ныгæд у,
Абон æрзылди Цæлыккæн йæ рад).
Райсом куы кæна йæ дунейæ хицæн —
Йе 'фсинмæ дзурдзæни: «Бакæ мын уат!»
Райсом йæ фыртмæ уый, чи зоны, сиддзæн,
Адæммæ дзурдзæн: «Цы фæци мæ фырт?
Рох-иу дзы макуы фод, макуы мæ цырт!»

2-аг   зарæг

1
Зилгæ 'мæ тухгæ Куырттатæм цæгатæй
Й 'аууон йæ фæдыл æмбисбон фæлладæй
Уадимæ не схаста сау мигъ æваст.
Сау мигъæй тардæрæй, карздæрæй уадæй
Зæрæдтæ кæстæртæн дзурынц сæ маст.
Зæрæдтæ сау къæйтыл ацы бон радæй
Кадæджы мысынц Цæлыккæн йæ ном.
Фæсивæд с' алыварс бадынц æнгом.

2
«Бабын ис абон нæ хæхтæн сæ риуыл
Хорз мыггаг н' астæу — æрæнцадис иууыл —
Рох кæндзæн райсом Цæлыккæн йæ ном.
Иргъæвæг нал ис Куырттаты ныр знагæй,
Сæфдзæн æгæсæгæй, сæфдзæн йæ ном.
Адæмтæй н' алыварс бирæгътау рагæй
Махæн æнусмæ чи нæ у знаг?
Ис та сын абон нæ коммæ фæндаг!

3
Гъæй-джиди! Не 'хсæн Цæлыккæн йæ фæстæ
Райсом æдасæй куы райсид йæ гæрзтæ,
Сау бæхыл ку' абадид рогæн йæ фырт.
Хæтæнты ку' ахæтид, ку' азилид дардыл,
Н' алыварс алчи куы кæнид йæ дзырд,–
Абон уæд мах дæр Цæлыккæн йæ мардыл
Раздæр нæ кæниккам, чи зоны, хъыг,
Раздæр нæ кæлид нæ цæстытæй сыг!

4
Хорз Цæлыкк! Ингæнмæ бацыд дæ иунæг:
«Адон кæй ысты?» — куы фæрсæм, уæд иу лæг
Райсом дæ гæрзтæй  нæ зæгъдзæнис:  «Мæн».
Рацæудзæн афон — дæ гæнах æркæлдзæн,
Даргъ кæртæн й' астæу æрзайдзæни гæн.
Йа уæу-уæй, хорз Цæлыкк, д' ахстон нын хæлдзæн,
Лидздзысты кусджытæ, сæфдзæн дæ ис!
Хорз Цæлыкк, оххай, дæ буц фырт кæм ис?!».

   5
Бадгæйæ сау къæйтыл бонæй, изæрæй
Зæрæдтæ кæстæртæн хорзæй, æвзæрæй
Афтæ Цæлыккыл æнæнцой кæуынц.
Хизæнæй-хизæнмæ фыстæ 'мæ сæгътæ
С' алыварс къултыл фæйнæрдæм цæуынц;
С' алыварс гуппарæй алыбон хæхтæ
Кадæгмæ-сагъæсмæ хъусынц æнцад.
Бирæ уа, уастæн, нæ хæхтæн сæ кад!..

6
Фенцад Фиййагдон сæ бынмæ йæ зардæй...
Ку' айхъусы зæрæдтæн се 'рдиаг дардæй —
Уайтагъд фæвæййы тызмæгдæр йæ хъæр.
Хур сæм æгас бон уæларвæй фæлгæсы,
Фуадзы сæ бадгæ йæ фæстæ изæр.
Хохæн йæ тигъæй æнкъардæй ныккæсы
Дисгæнгæ, джихгæнгæ, сусæгæй мæй:
Уæлæсых нал кæнынц, оххай, фынæй!

7
Банцайынц зæрæдтæ, фæсивæд гъæйттæй,
Райдайынц сусæгвæнд уынджы къæрдгæйттæй,
Аразынц мæимæ иумæ хъуыддаг,
Мæйрухсмæ цæстысыг рустыл нæ зыны,
Хъарæгмæ устытау не сты кæуаг,
Ахсæв-иу зæрæдтæ раздæр сæ фыны
Уартæ Цæлыккæн йæ хæрнæг уынæнт.
Кæстæртæн адард и хистæй сæ фæнд.

3-аг   зарæг

1
Цавæр уыд? Чи уыд? Цæмæн уыд æвдисæн
Абон йæ кадджын дзуар далæ Дзывгъисæн,
Дзубайтыл, оххай, æмбисбон цы'рцыд?
Бæстæ цы систой сæ сæрыл сæ хъæртæй,
Сылтæн сæ ниуын, сæ богъ-богъ цы ссыд?
Боныгон Дзубайтæн абон сæ кæртæй
Саулагъзы сау гуырдтæ райстой æваст,
Комы йæ фескъæфынц мидæмæ 'мраст!

2
Ракæс-ма, хорз Цæлыкк, ракæс дæ уатæй:
Чи ссæуы комы рыгкалгæ цæгатæй,
Рог бæхтыл афтæ кæй суры Дзывгъис?
Удæй — æнæмбал, æмбисонд йæ кондæй
Далæ Дзывгъисы чындздзон чызг уыдис.
Абон æй усæн æмвæндæй, æмзондæй,
Хорз Цæлыкк, фæсивæд схæссынц дæуæн.
Нал ис дын ингæнмæ, нал и цæуæн!..

3
Иргъæвд уыд абонмæ сауæрфыг мастæй:
Кодта тæхудйаг йæ худтæй, йæ хъазтæй
Мад æмæ фыдæн сæ буц чызг сæ цард.
Иу комæй иннæмæ хæхтыл æгасæй
Айхъуысти чызгæн йæ хорзы кой дард.
Дзубайтæн с' астæу æдыхстæй, æдасæй
Сауæрфыг цардмæ сывæллонау цыд.
Чызгæн йæ уалдзæг къæвдаджын нæ уыд.

4
Бирæ уыд лæппутæй саулагъзыл дзурæг.
Чи 'рцыди Дзубайтæм сау гуырдтæй курæг –
С' алчи уыд алцæмæй дзуарау æххæст.
Бавæрын сйахсæн ном саулагъз нæ уагъта
Уыдонæй абонмæ иуыл æрмæст.
Иуæн дзы саулагъз æнгасæй нæ загъта:
«Фыд æмæ мадимæ рогдæр æрдзур!»
Иуы дзы не схуыдтой былтæ: «Мæ хур!»

5
Барвæндæй саулагъз куыд ацæуа моймæ?
Иу удæн, иу гуырдæн, оххай, йæ коймæ
Чызгæн йæ рустæ куы нæ кæнынц сырх.
Фезмæлæд сау лæппу: къалиуæй зæхмæ
Сæрды рæгъæдæй æрхауаг у дыргъ.
Фезмæлæд сау лæппу, февзидæд бæхмæ,
Ратæхæд, ратæхæд уынгты фæлтау,
Фелвасæд саулагъзы саргъмæ лæгау!

6
Ракæс-ма, хорз Цæлыкк, гæнахæй коммæ:
Чи хуыссы саргъыл уый мардау уæлгоммæ,
Сау гуырд кæй ысхæссы сау бæхыл рог?
Схæссы дын, схæссы уый Дзубйаны 'фсинæн,—
Райдай та, марадз, цæрынтæ ды ног!
Барджынтæн тохы бон нал и сæ цинæн,
Нал и сæ цинæн, ныккæс-ма, кæрон.
Гъæйтт-мардзæ, хорз Цæлыкк, балвас дæ рон!

7
Н' афæстиат бирæ дæ усаг куырдуаты!
Хабар куы базоной адæм Куырттаты —
Дис дыл нæ кæндзысты, хорз Цæлыкк, цъус,
Алыран дзурдзысты хъазæгау адæм:
«Хорз Цæлыкк ингæнмæ раскъæфта ус!»
Де 'мгæрттæ дзурдзысты: «Оххай, куыд бадæм
Сау къæйтыл ныхасы мах дæр æнцад?
Радтой нын, радтой нæ фæсивæд рад!»

4-æм   зарæг

 1
Заргæ 'мæ ниугæ цæгатæй куы ссуры
Сау мигъты коммæ, йæ хъусы фæдзуры
Сау дымгæ саулагъзæн сусæгæй уæд:
«Къулсæрæй бадæд æм ног чындз йæ уаты,
Ног чындз йæхиуыл æнæнцой кæуæд.
Саулагъзæн йе 'мгæрттæ далæ цæгаты,
Далæ Дзывгъисы нæ зонынц йæ маст.
Цауддæр нæ фæци, нæ фæци сæ хъазт!

2
Амонд сын гауызтæ фæндагыл тауы,
Хур сæ йæ тынтæй æнæвгъау рæвдауы,
Тынгдæр рæвдауы кæд алкæй йæ мад.
Саулагъзæн рагуалдзæг йе 'мгæртты размæ
Мадæлтæй рогæн нæ райсдзæнис уад.
Рагуалдзæг кафгæ куы разгъорой фахсмæ —
Ног чындзæн йе 'мгæрттыл хохы сæрæй
Къултыл æфсæргæ нæ рацæудзæн зæй!»

3
Мæй сын нывæнды рæсугъд тын сæ фыны,
Хур сын уæларвæй сæ цæссыг нæ уыны,
Маст сын нæ хæссы сæ райсом, сæ бон.
Кафынæн, симынæн чызджытæ ссарынц,
Чызджытæ ссарынц фæндонæй æфсон.
Хъазты сæм фæсивæд афтæ ныззарынц:
«Бабабау, бабабау, бирæ ис тынг
Чызджытæн уалдзæг сæ цæстыты зынг!»

4
Адджын у се 'нгас, рæсугъд у сæ бахудт,
Аив у се сныхас,— иуварс ыздахут,
Цалынмæ не стут сæ кæлæнтæй баст!
Сау гуырды хъазæгау фидар ныббæтдзæн,
Хъал  чызгæн,  бабабау,  уалдзæг — йæ каст.
Зæрдæйы фидар цыргъ фатау фæсæдздзæн
Симгæйæ хъазты чызгайæн йæ худт.
Ратдзæн йæ иу дзырдыл сау гуырд йæ уд!

5
Бирæ уыд саулагъзыл сау гуырдтæй дзурæг.
Рагæй дæр, рагæй ныр уыдонæй иу лæг
Дзубйаны нал мысы, нал кæны мæт.
Дзубайтæн йа уæу-уæй, иуварс сæ рæзты
Лæппутæн базылди дарддæр сæ фæд!
Сау лæппу саулагъзæн абон йæ бæсты
Иу ран æнгасæй æндæры бæтты,
Абон уый иу ран йæ ирæд дæтты!

6
Къулсæрæй дымгæмæ саулагъз ныхъхъусы.
Баййафы хорз Цæлыкк уаты йæ усы
Сабыр, æнцадæй йæхиуыл кæугæ.
Къулсæрæй иудзæвгар чызгæн йæ разы
Баззайы хорз Цæлыкк сагъдау лæугæ.
Мойы цур сауæрфыг тынгдæр дзыназы,
Мойы цур тынгдæр æргæвды йæхи...
Сауæрфыг, бабын уай, д' амонд кæм и?

7
«Нал уыди бирæ мæ ингæнмæ бонтæй,
Афтæ мыл хъазæгау фæсивæд сонтæй,
Фæсивæд сонтæй фæкодтой фæдис.
Сау бæхтыл фæсивæд иуизæр схастой,
Иуизæр схастой мæ зæрдæйæн низ,
Сонтæй мын фæсивæд дзуарау ныббастой,
Дзуарау ныббастой нывондæн уæрыкк!» —
Афтæ йæ цуры фæдзуры Цæлыкк.