logo

М О Я    О С Е Т И Я



МÆГУЫРЫ ЗÆРДÆ

Зымæг нæ хæхты цух нæ уадзы, —
Лæджы æмбæрц æруары мит;
æфцæгæй коммæ уад дзыназы;
Их доныл саразы йæ хид.

æхсæвæн нæм кæрон нæ вæййы…
Тæхудиаг кæм нæ у сæрд!
Сæнар кæмæ нæй, уый ныссæйы, —
Цырагъ нæм чи судзы фæсхæрд?!.

Нæй кад мæгуыр лæгæн йæ куыстæн, —
Йæ сихор, йе хсæвæр — йæ мæт;
Иæ уат — ыскъæт, зыгуым — йæ лыстæн,
Хъæбæр — йæ цъæх хуыссæн нымæт…

Кæд рухс нæ баййафы йæ цардæй,
Йæ бон кæд арвиты зынтæй, —
Уæддæр нæ ныххуыссы æнкъардæй —
Йæ зæрдæ хъал вæййы фынтæй.