logo

М О Я    О С Е Т И Я



ЧИ ДÆ?

Мыггагæй мæ ма фæрс, —
Уæздан лæг нæ дæн;
Мæ уындмæ мын ма кæс,
Нæ бæззын чызгæн.

Мæ хæдон — четæнæй,
Мæ куырæт — кæттаг,
Мæ цухъхъа — цъæх тынæй —
Нæхи хохбæстаг.

Нымæтхуд, æрчъитæ,
Мæронбаст — уæрдæх…
Фæрсыс ма мæ: чи дæ?
Уæд байхъус дзæбæх!..

æз райгуырддæн хохы…
Нæ хъæдкъул ыскъæт, —
Ныр дæр мæ нæу рохы, —
æвгъæддон уыд уæд…

Рæстмæйы хъуыддагæн
Сыгъдæгдæр ран хъуыд,
Фæлæ дзы мæ мадæн
Хуыздæр ран нæ уыд.

æлгъыстæн мын баззад…
Тæрсын дзы ныр дæр…
Рынчынæн “æгæссад
Дæ уæд” зæгъ, æндæр

Йæ бахъуыд-сахатæн
Мæгуыры бон циу? —
Нæ фæци мæ мадæн
Нæ файнуст, нæ тиу.

Нæ йæм уыд фæкæсæг…
Йæ мой йæм кæм бадт! —
æмæ йæ фыдвæззæг
Фæкодта мæ мад.

Мæн иу ус фæхаста…
Сываеллонахуыр,
Йæ дзидзи нæ ласта
Мæ дзыхæй, мæгуыр.

Куыд фæрæзта, уыйас —
æппæтæй дæр фаг!
Фæцарддæн æм иу аз,
Фæдæн æм дыггаг.

Фæхъомыл дæн афтæ, —
æдæрсгæ цыддæн…
Кæм заргæ, кæм кафгае
æмбырдтыл зылддæн…

Чысыл ма йæ зонын
Мæ фыды… Хæмæт, —
Йæ номæй йæ хонын, —
Кæм кодта мæ мæт!

Дыггаг ус æрхаста…
æркодтой мæн дæр…
Мæ “чындз” мае нæ уарзта, —
Фыдсыл уыд кæмдæр!

Йæ рард дæр ысхуыстæй,
Йæ рæвдыд дæр — над,
Йæ “цума” рæхуыстæй, —
Гъеуый дам дын — мад!

Мæ фыд-иу къуыригай
Дзæбидырдзуан цыд,
Йæ ус та æригай
Хæдзар-хæдзар зылд.

Цуанон лæг мæрдтæм
Хæстæгдæр цæры,
Йæ мард та уæлмæрдтæм
Нæ хæддзæкæны!..

Фаедзурынц æй алхатт, —
Мæ фыдæй хуыздæр
Лæг цуаны нæ ахатг.
Ныххæррæгъ кæмдæр!

Ус хистытæ кодта,
Фæуæйкодта зæхх,
Цы ардта, уый хордта
æввонгæй, дзæбæх.

Ныр дæр ма æрра дæн,
Сывæллонау, сонт, —
Уæд та?… Цæй, йæ мадæн
Чи амоны зонд?

Хæрз дзæгьæл кæй зайын,
Уый базыдтон… Ку!
Кæуынæй кæй сайын? —
Дæсаздзыд лæг у!

Ус афæдзы бонмæ
Йæхиуыл хæцыд, —
Уæлладжыры коммæ
Чындзы та фæцыд.

Мæн кьæйыл ныууагъта…
Йе амæл, йе рæз, —
æвæдздзæгæн загъта:
Куыст — цардæн фæрæз!

Цы куыстæн бæззыддæн
Дзæбæхдæр мыздыл? —
Уæлыгæс фæцыддæн
Гуыбыныхæрдыл.

Мæ фысымтæ радæй,
Мæ хуыссæн — лыстæн,
Уæддæр-иу «дæ-да-дæй»
Куы ныззарыддæн!

Уæлыгæс — бынхорæй
Фыййау дæр ысдæн, —
Дæс мæрты мын хорæй
Лæвæрдтой мыздæн.

Фыййауæн — уæлæфтау,
Хæлынхуд, хызын,
Йæ къæбæр — æнæвгъау,
Йæ куыст нæу уæд зын.

æлгъыстæй, уæд надæй
Цы нæ бавзæрстон!
Уæддæр-иу “дæ-да-дæй”
Куы ныццæлхъластон!

æхсæрдæсæмаздзыд —
Лæджы бындзæфхад, —
æгæр дæр фæхъазыд,
æгæр дæр фæбадт!

Йæхицæн ныссадзы
æсхъæлфындз цæвæг,
Уыгæрдæнтæ дасы,
Йæ  риуыгъд — бæрæг!

Цы цæнгтæ мыл разад,
Цы хосдзау уыддæн!
Фæлæ ма кæм баззад
Уыгæрдæн мæнæн!

Гæппæл дæр мын нал уыд.
Цы фæци мæ зæхх?
Хæрнæгæн дам бахъуыд…
Цу, исты цын зæгъ!

æссæдз азмæ азгай
æххуырсты цыддæн…
Цы нæ кодтон радгай,
Цы нæ-иу уыддæн?

Мæ архайд, мæ тыхмæ
Лæг кодта хæлæг;
æккойæ мæ ныхмæ
Кæм лæууыд хæрæг!

Мæхи та дын стауын, 
Нæ дын зыдтон, цы.
Тын уæрдын, тын уафын,
Хæрдгæйæ — дæсны;

æрцындзæй, хæсгардæй —
Хæрзарæхст, чызгау…
Гъе уæддæр “дæ-да-дæй”
Чи зарыд мæнау?

Йæ бонæй уа зæрдæ,
Куыд хивæнд у, куы!
Зæгъ-ма йын: æвзæр дæ, —
Уырны йæ бæгуы!

Бон хурмæ нывæнды
Рæсугъд хуры тын,
æхсæв æй æрфæнды
Мæимæ хæтын.

Кæцæй йæм æвсиды
Сæрибары дуг?
Цæмæн дзы æхсиды
Цæдæджинагау туг?

Йæ бонæй уа, уастæн,
Дæргъæрфыг рæсугъд!–
Кæм лæууы йæ хъазтæн
Лæппуйы тæпп уд!

Куыд уыди йæ фыддзаг?
Куыд разылд мæ сæр?
Куыд уыдзæн йæ фæстаг?
Нæ зонын ныр дæр…

Йæ уындæй куы райди
Мæ зæрдæ, куы та,
Цыма йæ фæсайди, —
Йе сæфт дзы уыдта…

Куыддæр-иу ныхъхъус дæн,
Фæлыгътæн-иу дард…
Аргъ нал уыд мæ куыстæн,
æсуæлдай мæ цард…

Быцæугонд хъæуимæ…
æмгартæй тæрсын…
Гъей, зæрдæ, дæуимæ
Кæй бон у хæцын?!.

Цæмæн-иу мæм касти
Мæ сæфт хуры хай?
Цæмæн-иу фæраст и 
Мæ рæзты чызгай?

Цæмæн-иу мæм бахудт
Хъуызгæ-мидбылты?
Цæмæн мæ хъуыд агъуд,
Ливорджын дæн цы?

Ныббар мын, кæд дардæй
Мæ ныхас хæссын, —
Мæстджынæй, æнкъардæй
Мæ сæнттæ мысын…

Нæ зымæг ингæн у,
Иæ зæйтæ — нæ мæт;
æ фæззæг куыстæн у,
Нæ уалдзæг — дзæнæт.

Хур арæхдæр тавы,
æсулæфы зæхх,
Сæгъ хъæмпæй нæ давы,
Нæ хуссæртгæ — цъæх.

Фæмил вæййынц хæхтæ,
Фæтынг вæййы дон,
æртæхынц нæм мæргътæ,
Фæтынг вæййы бон.

Фæзыны гæлæбу…
Зынг фесты зæрдæ…
Гъе, мардзæ, сау лæппу! —
Цы фæдæ, кæм дæ?!.

Дæ хъару нын равдис!
Куыддæрфæнды уæд,
Ирæдисæн бар ис:
Йе — фыр, йе — рæуæд.

Мæ ирæд цæттæ у…
æххуырсты мыздæй
æрымбырд… Цы хъæуы, —
æппæт дæр хыгъдæй.

Мæ фосæн сын дардтон
Мæхи армæй цæхх,
Сæ мадæн сын ссардтон
Дыууæ галæй бæх.

æнæуый, цы зæгъай, —
æппæтæй рæвдыд…
Мæ сагъæс, мæ катай —
Чызгайæн йæ фыд.

Сæрæстыр,æсхъæлдзырд,
æнæбарвæссон,
Хæдзары — хъæды сырд,
Хъæубæсты — Сырдон.

Дзырды бар кæй уадзы,
Кæй фæрсы фæндæй?
Чызг тайы, дынадзы,
Мад судзы мæстæй…

Фæкодтон нывæндтæ,
Мæ куывд мын Хуыцау
Нæ исы… Мæ зæрдæ
æсдзæгъæл, æссау…

Кæй барвитон курæг?
æфсæрм лæг кæм и?
Мæ лæгтæм лæбурæг
Куы скæна йæхи?

Мæхæдæг фæцæуон,
Уæд ноджы фыддæр, —
Куы нæ йæм фæлæууон,
Куы сдзурон æз дæр!..

Кæй та сын æй курынц
Уый ацы сахат
Сæхуыддæг дæр дзурынц.
Нæ йæ дæтты мад.

Иæ чызг дæр кæм комы?!.
Фæкъæйных сæм и, —
Йæ дзыккутæ тоны,
æргæвды йæхи…

æрвиты мæм алхатг:
“Цы фæдæ, кæм дæ?
Мæлынмæ мæ ма ратт,
Фæзын, кæд лæг дæ!”

Гъе уый дын мæ митæ, —
Куыдфæнды сæ дом!
Фæрсыс ма мæ: чи дæ?
Уæд иунæг — мæ ном!