logo

М О Я    О С Е Т И Я



ЛÆГ ÆВИ УС?

Зиууæтты зарæгæй хæхтæ ныццараудтой,
Рацæуынц хъæутæм… Фæсабыр сæ хъæр, —
Иу лæбырды бынæй фæндагмæ рахаудтой
Марды  æстджытæ — йæ цæнгтæ, йæ сæр…

— Ох-хай, гъе! — зиууæтгæ загътой, — нæ фæндæгтæ
Амæй кæд исты хæс дарынц уæд та?
Сæры къуыдыр дæр йæ урс-урсид дæндæгтæ
Барæй цыма сæм ныззыхъхъыр кодта, —

Хурныгуылдмæ сæм æрттивы, сызгъæринау,
Цæсты хуынчъытæ, цæстытау, кæсынц…
Хосдзаутæм хъуыддаг фæзынди цæттæ хинау;
Нал æсты хорзау, сæхицæн тæрсынц.

— Уым та цы ми кæнут? — дзуры ææм лæгæтæй
Иу лæг, хæрззæронд, нæ зыны сæгæй.
— Мæнæ æвзарæм, кæй уыд цымæ дзыллæтæй
Ацы сæры къуыдыр, — усæй, лæгæй?

— Гъе, æрра лæппутæ! — лæг та сæм радзырдта, —
Чи уыд, кæд уый бæрæгскæнут æцæг,
Уæд уый ныр къаннæг сывæллон дæр базыдта,
Чиу, уый цæмæй фæчындæуы бæрæг!

Алкæмæн йе ’гъдау йæ гакк у кæмдæриддæр:
Усæн мæрддзыгой — йæ тыхджындæр мæт,
Искуы фæцæуæд фæдисы хъæр, марды хъæр,
Усæн ма иу ран фæлæууæн ис уæд?!.

Бафæлварут-ма, гъе  уыцы хорз миниуæг,
Исчи ныккæнæд мæрдæрцыды хъæр!
Кæд лæг уыд, — сæрмæ нæ фехъуысдзæн фидиуæг,
Ус, — уæд уæ хъæрмæ нæ фæлæудзæн сæр.

Худæг фæкасти йæ хабар нæ хосдзаутæм:
— Ай нæ хынджылæг куы кæны, сæрæй!
Цæй, уæддæр байхъусæм фыдæлты хорз даутæм,
Фенæм, — цы нын у æхсæны хъæрæй?

— Рухсаг уæд! Амард æлдараты Хамбитта! —
Иу хосдзау загъта йæ хъæлæсы дзаг…
Гъæйт, мардзæ! сæр дын æвиппайды асхъиудта,
Далæ фæтулы йæ фæндаг-фæндаг!..