logo

М О Я    О С Е Т И Я



ХАЛОН ÆМÆ РУВАС

Цæстмæхъус ныхас
Фыдбылыз хæссы…
Хуыснæггаджы бас
Фу-фуйæ сысы…

Кæмдæр та халон –
Цыма дзы хъалон
Нæ фыййау дардта –
Цыхты къæртт ссардта.

Бæласы цонгыл
Цæргæсау сбадти,
Йе сæфты стонгыл
Ныр диеæй марди.

Зæрдæхъæлзæгæн
Уынаффæ  кодта
Йæхи  фыдæнæн
Иæ цыхт нæ хордта.

— Цæй, ныр æвналон, —
Фæзæгъы халон,
Фæлæ та ’взары, —
Цыхт дзыхы дары…
Уæд дын æм рувас
Кæцæйдæр рауад…
Уайтагъддæр минас
Йæ былтыл ауад.

Цæст андæгъд цыхтыл…
Иæ къахы æлгътыл
Дæрдты æрзилы,
Иæ къуди тилы…

Нæ рагон фыдсыл
Нæ зоны бæгуы!
« Мæ хуры чысыл,
Куыд рæсугъд дæ, куы! —

Бынæй йæм дзуры.  —
Уындæй дæ цуры,
Дæ фæхъхъау фæуон,
Кæмæй раппæлон?!.

Дæ даргь дæллагхъуыр,
Дæ сау базыртæ,
Дæ диссаджы гуыр,
Дæ худгæ-былтæ!..

æххæст ма зарын
Куы зонис, уæд дæ
Паддзахæн дарын
Фæразид зæрдæ…

æфсæрмы ма кæ,
Мæ уды гага, —
Дæ зарæг ракæ!..»
Нæ халон «хъа, хъа!»

Зæгъгæ, фæкодта
Йæ хъæлæсы дзаг…
Паддзахгæнæггаг
Кæйдæр цыхт хордта
Нæ гæды рувас…
Ды та уал уым уас!..

.