logo

М О Я    О С Е Т И Я



УÆЛМÆРДТЫ

Мах хуызæн мардмæ нæ цæуынц æндæр рæтты…
Фезмæлæн нал уыди абон нæ уæлмæрдты;
Стырæй, чысылæй, —

Уыйбæрц æрцæугæ нæма федтон иу ранмæ,
Уыйбæрц æркæсгæ нæма федтон иу зианмæ
Хохæй, быдырæй…

Иунæг лæппу йын уыд сау куырм зæронд фыдæн,
Дарын æй байдыдта… Абон йæ сау сынтæн
Бахъуыд йæ сагой!

Кусынмæ диссаг, æфсымæр æмгаримæ,
Уарзон хъæубæсты... Нæ хохæй Уæлладжырмæ
Айхъуыст йæ хорз кой.

Адджын хæринагæй йе стонг нæ басаста,
Усгур лæппуйау дзæбæхæн нæ раласта
Цухъхъа йæ рагъæй…

Хъал митæ кæнын лæппуйы та ценнæ уыд?
Абоны онг нæм йæ къахыл нæ фендæуыд
Дзабыр сæракæй…

Абон æм бакæс, — йæхи дын куыд сарæзта!
Нарæг йæ астæу, чындздзон чызгау, балвæста,
Алцæмæй ифтонг:

Алы рæсугъд дзаума, алы хæрдгæбæстæ…
Исчи йæ федта цы искуы хæцæнгæрзтæ
Даргæ ныры онг?

Раст цыма схъомыл и топпимæ, кардимæ!..
Науæд уæлбæхæй йæ исчи æмгаримæ
Федта цы балцы? —

Байраг сæ хæдзары никуы уыд, афтæмæй
Абадт æввонгæй, рæсугъд ифтонг алцæмæй,
Урс бæх – йæ разы!..

Сагъæс фæсабыр… Фæхъус ысты устытæ…
Мардмæ æрбахæстæг иу лæг… Йæ цæстытæ
Нал зынынц чъиуæй,

Цæсгом нымпылдтытæ, зачъетæ – урс-урсид,
Гасæй йæ уæлæ хæлын худ, кæрцы къæрит…
Дис кæнын: чиу ай?

Чъизи дæрзæг къухæй цæстысыг асхьаудта,
Стæй дзы йæ зачъетæ тонæгау адаудта,
Бахæстæг бæхмæ.

Радтой йæм идон… Сæ уæлхъус æгуыппæгæй
Адæм ныккастысты иуыл æмхуызонæй
Уайтагьддæр зæхмæ…

Алæууыд иу дзæвгар лаег дæр зæхмæ кæсгæ,
Уыйфæстæ — гъай-да-гъа! - райста, дзырдарæхсгæ
Диссæгтæ дзурын.

Чи ма цæ зоны? Кæд дæм цæ нæ ныффыссон, –
Ма мæ рахъасткæ, мæ хæлар, мæ иубæстон,
Дардмæ дæ курын!

— Рухсаг у,–  загьта,–  цæуыс нæ æххæстлæгæй,
Арæзт æппæтæй… Фæцух дæ æрмæст бæхæй,–
Хорз бæх нæ арынц.

Терк-Турчы рæгъаумæ абон фæцыдысты,
Зæххæн йæ кæрæтш дардыл æрзылдысты,
Алы ран старынц:

Рахиз фæрсты дзы фæлгæсгæ йæ быдыртæм,
Галиу фæрсты та дзы хъахъæнгæ донбылтæм,
Никуы ’мæ ницы!–

Нæй дзы дæ аггаг бæх!.. Уалæ уæларв зæххы,
Иу бур айнæджы бын хизынц æртæ бæхы, –
Табу йæхицæн! —

Уастырдæйы æртæ сызгъæрин æфсургьы…
Ардыггаг ласай, — йæ зæвæтæй риуыгъы;
Фалладжы ласай, -

Стонг бирæгъау дæм лæбурдзæн йæ дæндагæй;
Астæуыггаг æфсургь лидзаг у фæндагæй, –
Хорæй йæ расай!

Арвы Куырдалæгонмæ-иу æй схæццæ кæ!
Болат æндонæй дын скæндзæн йæ цæфхæдтæ,
Болат зæгæлтæ

Фидар йæ сæфтджыты стæгмæ куы ныссадза,
Нагьæй æфтаугæ хæрхидон куы сараза, –
Гъе, уæд цæттæ дæ!

Де ’фсургъыл дын идон афтаудзæн Мæйы фырт,
Стæй йыл сызгъæрин саргъ авæрдзæн Хуры фырт,
Ехс дæр дын ратдзæн.

Сбад-иу дæ бæхыл! Уырдыджы æнæ цудгæ,
Сиргæ тæссæртты, хæрды дын æвæлмæцгæ
Бирæ фæуайдзæн.

Бафтдзынæ иу ран æртæ фæндаджы ныхмæ…
Ма бабæлл дæллагмæ, канд дæр йæ уæрæхмæ, –
Тудæджынты фæд у!

Ма бабæлл уæллагмæ, — тугисджытæм хæссы!
Астæуыггагæй дæ бæх дæр куыд нæ тæрсы,
Афтæ дæу кæд у?

Райс æй дæ фæндагæн!.. Иу йæхсы февзидтмæ
Бахæддзæ уыдзынæ иу æрдуйы хидмæ,–
Маргъ ыл нæ тæхы!

Армытъæпæнæй чъылбыс-иу куыд фелвæса,
Де ’фсургъы агъдæй та чъепси куыд фесхъиуа,
Афтæ цæв бæхы!

Мæрдты дуармæ дæ дæ цæстфæныкъулынмæ
Баскъæфдзæн де фсургъ раст хураныгуылынмæ…
Бакæс-иу ’гъдаумæ!

Дуар дын нæ кæндзысты, “аныгуылд хур”,  заегъгæ…
Ам куыд уыд, уым дæр дæ кувæг — даехи зæрдæ,
Скув-иу Хуыцаумæ!

“О, Хуыцауты Хуыцау! Ме сфæлдисæг Хуыцау!
Рауадз, дæ хорзæхæй, хур фæныгуылынау,
Хæхтыл дыдзы  хур!”

Хæхты дыдзы хур дын  уайтагъддæр  ракæсдзæн…
Мæрдты ’фсæн  дуæрттæ дын иу уæйыг бакæндзæн,
Фыд, хорз æм ма сдзур!

Уырдыгæй фалæмæ зоны дæ фæндæгтæ
Хуры фырт. Уый дын ныр дзурдзæн сæ диссæгтæ,
Сеппæт, куыд ысты…

Къæсæры мидæгæй, — уырдæм ныр бахызтæ, –
Иу гадза бастæй. Йæ хуылфæй йæ къæбыстæ
Бæхмæ рæйдзысты…

— Ай та цы диссаг у? — Дис дæр куыд нæ кæнай? –
Афтæ цæмæн у? — фæрсдзынæ. — Цæмæн зæгъай?
Де ’мбал дын сиддзæн:

— Гъай-иу йæ карзæй, йæ налат хуыснæгдзауæй
Фесæфта гас хъæу… Ныр афтæ мæрдты ’гъдауæй
Йæ хæстæ фиддзæн.

Ацу-иу уырдыгæй!.. Хъуысдзæн дæм алывыд…
Лæг æмæ ус хуыссынц… Галдзарм сæ быны тыд,
Галдзарм сæ уæлæ.

Тонынц сæ иуырдæм, тонынц  сæ иннæрдæм, –
Лæгыл даер, усыл дæр не ’ххæссынц ничердæм.
Диссаг та уæлæ!

Дис дæр куыд нæ кæнай! — Ай та цæмæн афтæ?
– Ай та цæмæн, зæгъай?– Адон сæдæ азтæ
Иумæ фæтыдтой,

Гъемæ куыдфæстæмæ алрайсом, алызæр
Тынгдæрæй тынгдæр-иу кодта сæ загъды хъæр,
Фидыд нæ зыдтой;

Иргъæвынмæ сæм цыдысты æндæр сыхæй…
Гъе ныр мæрдты ’гъдауæй фидынц сæ хæсы хай!..
Ацу-иу фалдæр!–

Иу ранæй та дæм æрыхъуысдзæн сусæг дзырд:
Лæг æмæ усæн тæрхъусдзарм сæ быны тыд,
Галдзармæй фагдæр!

Иннæ тæрхъусдзарм сæ уæлæ æрдыдæгьтæ…
Диссаг! — зæгъдзынæ та, — ай та цæмæн афтæ?
– Ай та, куы зæгъай? -

Адон цæргæ-цæрын уарзтой кæрæдзийы,
Ам æй аеххæст кæнынц, ам дæр зæрдæмийæ
Не сты æнæ хай!

Ацу-иу уырдыгæй!–  Ус лæудзæн хибарæй, –
Калмы цъарæй йыл хьуырбæтгæн, хæфсы цъарæй
Усыл сæрбæттæн…

— Ай та цæмæн афтæ? — Ай та, куы бафæрсай, –
Барысчъи даргæйæ сусæгæй бонæн сайд
Кодта йæ мæрдтæн!

Ам сын æй фиды ныр… Фалдæр дæм иу ранæй
Згьæлдзæнхуыр: кьæдзæхыскьуыдтæдзытеманæй
Иу ус æмпъузы.

— Ай та цæмæн афтæ? — Ай та кæйдæр лæгæн
Дзаума лыстæг хуыдта, ставд та — йæхи лæгæн,
Гъе ныр ын кусы!..

Ацу-иу уырдыгæй! Иу усы риуыл та 
Зилынц хæд-зилгæйæ стыр куыройы фыдтæ;
Хохы дзæгъгъатæ

Бонæй, æхсæвæй, æнæ раивадæгæй,
Ссынц аемæ се ссад нæ кæлы фæлгæтæгæй…
Цавæр у ай та?

— Ай та куыройгæсæй адæмы къæссатæй
Иста æгæр бирæ, давта сын се ссадæй…
Давын зын у, цы?!.

Ацу-иу уырдыгæй!.. Байхъус æхсæрдзæнмæ:
Урс æхсыр къуыстилтæй хохы йас цæхгæрмæ
Иу ус фæрсудзы.

Гас къæртайы дзаг ыл карз ахсæн аскъæры,
Карчы нæмыджы йас цыхт ын дзы равзæры…
Ай дæр та диссаг!

Ай та уæлæуыл æлгъин уыд йæ хъæздыгæй,
“Нæи, наей”-иу кодта, нæ иста йæ хæндыгæй
Уазæгæн урссаг.

Ацу-иу уырдыгæй!– Иу ус дæ хæд разы
Иу чысыл къоппæй мæцъисæй нæ фæразы
Гуымбыл фæлдахын…

— Ай та цæмæн афтæ? — Ай та йæ уæлæуыл
“Ис маем”-иу кодта, нæ уагъта æндæр хъæуыл
Уазæг ыздахын.

Ацу-иу уырдыгæй ноджы хуыздæр бæстæм!
Иу лæг йæ усимæ иумæ фæрсæй-фæрстæм
Бадынц æргомæй;

Стыр фынг сæ разы æртасыд йæ фырдзагæй
Алы нуазинагæй, алы хæринагæй,
Басæй, цæхдонæй, -

Иуыл куыд æмбæлы, — нуры, цывзыхъæстæ.
Цасдæр дзы хьауынц, — сæ фынг та хæрды фæстæ
Свæййы уæззаудæр.

— Ай та цы диссаг у? — Адон сæ цæрыныл
Цас мæгуырдæр кодтой, уыйас сæ кæрдзыныл
Кодтой рæдаудæр.

Ацу-иу уырдыгæй! – Арф къæдзæхбын мæсчъы
Иу лæг хуыртæ хæссы хæлд æнæбын тæсчъы…
— Ай та цы кодта?

— Ай та сыхагимæ кайаг уыд арæнæй,
Иумæййаг зæххытæ барста мæнг барæнæй,
Ард-иу сыл хордта.

Ацу-иу уырдыгæй!.. Иу рæсугъд  уæзæгыл
Иу лæджы рихитæ астæумæ кæрдæгыл
Стонг гал æууилы…

— Ай та цы диссаг у?  Гал ма нæ фæхизы
Ахæм цъæх кæрдæгыл?! — Ай та йæ цæдисы
Срæстмæйыл зилы:

Ай-иу йæхи галæн ’взаргæ хос ракалдта,
Цæдисонæн та-иу хъæмпы мур адардта, –
Ай ныр йæ хабар!

Ацу-иу уырдыгæй!.. Иу фурды астæу- хуыскъ,
Карды комæй йæм хид; халоны айчы хъуызг –
Лæгæн йæ хæдзар;

Судзины бын та дуар гасæй йæ хæдзармæ…
— Ай та цы диссаг у? — Ай та йæ адзалмæ
Царди æмбæхстæй;

Сау зæрдæ дардта, йæхимæ цæрæнбонты
Уазæг нæ уагъта фæсырдта йæ бинонты,
Амард æлгъыстæй…

Ацу-иу уырдыгæй!.. Иу лæг фæдисаг у:
Ихы ныссалди йæ хъуырмæ!–  Цы диссаг у,
Цуавæр у ай та?

— Ай та æмгары хуыссæнмæ хъуызагæ  цыди
Алы æнафоны… Гъе ’мæ фæрæдыди…
Гъай дын йæ пайда!

Ацу-иу уырдыгæй! Иу ихын мæсыджы
Ихын къæлæтджынты бадынц æртæ лæджы,
Их фынг сæ разы;

Ихæй сæ лæдзджытæ, галиу сæ ныхæстæ,
Их сæрдасæн сын сæ галиу сæрыфæхстæ
Роцъотæм дасы.

– Ай та цы диссаг у? — Алыхатт адоны
Хорзæн-иу равзæрстой  адæм сæ тæрхоны,
Бар сæм-иу радтой.

Адон-иу фарсласæн сабийæ таубимæ
Кодтой сæ мæнг ардæй, растæн хæрамимæ
Иу барæн дардтой.

Ацу-иу уырдыгæй!.. Иу рæсугъд уæзæгыл,
Урс æвзист галуаны, урс  æвзист тæрхæгыл
Баддзысты базтыл

Иннæ æртæ лæджы… Де ’мбал сæ хорз зоны:
Адон куыд фæрæзтой, афтæ сæ тæрхоны
Архайдтой растыл!..

Бирæ дæ нал хъæуы уырдыгæй дзæнæтмæ;
Бæхмæ куы февзидай, — иу цæсты тъæбæртмæ
Фестдзæн йæ разы.

Бæхæй æрхиздзынæ… Бирæ сывæллæттæ
Алхуызон дзауматы, алы азыккæттæ
Цъæх нæууыл хъазы…

Чи дæ йæ фыд хоны, чи дæ йæ мад хоны,
Иутæ – бæгъæввадæй, иннæтæ – ронбæгъд æй,
Чи та– æнæ худ.

Худтæ сæ рæтгы тьыст, рæтгæ сæ хъуырты ’фтыд,
Дзабыртæ — фæдджиты, фæдджитæ сæртыл тыд…
Ма-иу сыл бахуд!

Алкæй дæр барæвдау, алкæй йæ дзауматы
Сараз, куыд æмбæлы! Семæ-иу дзæнæты
Дуаргæрон балæуу!

Мидæмæ хизын дæ исдуг нæ уадздзысты,
Сывæллæттæ та сын хизын нæ комдзысты
Уырдæм æнæ дæу!

Фегом уыдзысты уæд авд сызгъæрин дуары!..
Мæрдты Барастыр дæм ницы рæдыд ары
Мæрдты хъуыддагæй…

Рухсаг у, рухсаг! Йæ рахиз фарсырдыгæй
Нæууыл дæ бадæн! Ныр ацыдтæ ардыгæй,
Нал дæ ныр махæй!

Адæм дын абон цы хорз æгъдæуттæ радтой,
Ацы дзыллæ дыл цы цæстысыг фæкалдтой,
Уый дын – æххуысаг!

Мады хъæбысау дын адджын уæд ацы зæхх,
Фарны хæларæй фæлдыст дын уæд ацы бæх!..
Рухсаг у, рухсаг!..

Дзырд фæци зæронд лæг, айста къух идонæй…
– Рухсаг у, рухсаг! — йæ фæдыл æмхуызонæй
Дзыллæтæ загътой…

Адæм сæфт хæдзары бадтысты хæрнæгыл,
Устытæ ма уæддæр судзаджы уæлмæрдыл
Хъарджытæ уагътой…