logo

М О Я    О С Е Т И Я



БУЛКЪ ÆМÆ МЫД

Ма худ аууонмæ æвзæрыл,
Хорзы-иу йæ цуры бафау!
Дунетæй хуыздæр куы фестай,
Гъе, уæддæр дæхи уд ма стау!

Хорз æфсин цы нæ хæринаг
Авæрдзæн лæгæн йæ разы! –
Уазæгæн йæ мæгуыр фынгæй
Бирæ кад дæттын фæразы…

Гъе, уæддæр нæ хæринæгтæ
Алы ран сæхи æстауынц,
Загъд кæнынц, сæ кæрæдзийы
Уазæджы цæстмæхъус фауынц.

Физонæг ма, йе хæбизджын
Дзурæд! - уазæг дæр сæ буц  у;
Фæлæ задын, хомыс, бламыхъ, -
Гайтма дæ хæрынц, — ныхъхъус у!

Булкъæн та æппын цæсгом нæй! –
Фаджысдон кæны къæбицæй,
Судзы ком, уæддæр дын искæй
Уадзы, цы, хуыздæр йæхицæй?!.

Иу фынджы рагъыл та иухатт
Уый дæр та фæзынд кæцæйдæр!..
Уайтагъд та йæхи фæсфæдты
Мыдмæ балласта хæстæгдæр…

— Ох-ох, уазæг, æз мыдимæ, -
Загъта, - диссаг дæн, цæттæ лæуу!…
— Гъе, смаггæнаг! — мыд фæмæсты.–
Ныр цы мæт кæныс мæ бæсты,
æз хуыздæр куы дæн æнæ дæу!..