logo

М О Я    О С Е Т И Я



ЦЪИУ ÆМÆ СЫВÆЛЛÆТТÆ

Сывæллæттæ:
Гъа! Ныр ахст дæ, цъиу, фæлæу,
Нал аирвæздзынæ,
Нал ауадздзыстæм ныр дæу,
Махимæ цæрдзынæ!..

Цъиу:
Циу, цы, циу? Цы кодтон, ау!
Цас тыхджын рæдыд дæн?
Ауадзут-ма мæ фæлтау,
Райхалут мæ бæттæн!

Сывæллæттæ:
Нæй, нæй! Ма тæрс, махмæ ды
Хъаны цард кæндзынæ;
Дзул дын тулдзыстæм мыды,
Адджын цай цымдзынæ.

Цъиу:
Хъаны цард мын уанцон нæу!
æз уæ цай нæ уарзын,
Уидзын быдырты мæнæу,
Къогъотæ дзы ахсын.

Сывæллæттæ:
Уазал у зымæг æддæ,
Махау дын хæдзар нæй!
Ам дæ къалати — цæтгæ,
Бафсæддзынæ хъармæй.

Цъиу:
Ам зымæг куы вæййы, уæд
Иу хъарм бæстæ зонын.
Къалати сызгъæрин уæд,
Ахæстон æй хонын!

Сывæллæттæ:
Курæм дæ, æмæ нæм лæуу,
Бузныг дæ уыдзыстæм;
Мах цард дæр æвзæр цард нæу,
Не схъыг дæ кæндзыстæм.

Цъиу:
Нæй, мæ хуртæ, нæй гæнæн!
Уарзут мæ, уый хатын,
Фæлæ тынг зын у мæнæн
Ахæстоны бадын…

Сывæллæттæ:
Оххай-гъе! Уæдæ дæ маст
Махæн у хъуыдыйаг…
Атæх, цу! Дæ фæндаг раст!
Цæр дæхи фæндийаг!..