Мит тайы, их сайы,
Фæхъулон ис зæхх:
Йæ цæгат фæзæйнад,
Йæ хуссар фæцъæх.
Йæ фæдыл нæ хъæдыл
Фæхæцыд сыфтæр;
Нæ хуымтæ — кæндтытæ,
Нæ ласæн — цъыфдæр.
Цырд лæппу гæлæбу
æрцахста… Зæгъ ын:
Нæ уалдзæг — дæ уазæг,
Ныууадз æй цæрын!