logo

М О Я    О С Е Т И Я



ВСАТИ

Бирæйы фæфæнды
Райсомæй хуыссын…
Хур  æркаст, нывæнды
Хохаей хохмæ тын…

Комæй коммæ хъазгæ,
Царды хос хæссы…
Цард тындзы йæ размæ,–
Всати ма хуыссы…

Всатийæ зæронддæр
Дауджытæм кæм и?
Хæхтæй дæр бæрзонддæр
Чиу, уый йæ фæци.

Мит лæджы цæст сайы,
Схиз æм, уæд — ныхас!
Раст йæ астæу зайы
Стыр нæзы бæлас;

Дон кæлы йæ рæзты
Урс æхсæрдзæнтæй;
Цъититæ йæ фæрсты
Бадынц их-зæйтæй.

Фалæрдæм лæбырынц
Сау дуры цæндтæ;
Тар хъæдæй нæ зынынц
Арф, уынгæг кæмттæ…

Урс-урсид дзæгъгъатæй
Бандæттæ, тæрхæг;
Саджы урс сыкъатæй
Всатийæн — сынтæг…

Арсы хъуын — йæ лыстæн,
Тинтычъи — йæ баз…
Цæй, хуыссæд! — йæ куыстæн
Сæфынæй нæу тас…

Авд лæппуйы зилынц
Всатийы алварс,
Залмы сыфтæ тилынц, —
Бындз нæ уадзынц ’ввахс.

Иннæ авд æддæдæр
Аходæн фыцынц…
Физонæг фæхъæбæр,
Фæхсынтæ нæрсынц…

— Оф, оф! — загъта Всати, —
Арв кæмдæр нæры…
Къæлæтджыны  сбадти,
Аходæн хæры…

Комæй, чидæр зары…
Всати ’хсыны агъд…
— Чи та нæ хъыгдары?
Акæсут-ма тагъд!

Дарддзæст лæппу араст
Айнæджы былмæ,
Къухаууонæй акаст
Сау комы бынмæ…

— Федтон, — загъта, — диссаг:
Комы нарæджы
Курынц иу мæллæг саг
Фараст барæджы!..

Топп — ерæдзыпп, хъримаг,
Бæх — саулох бæхтæ…
Исты цын хæринаг
К’уаид уал цæтгæ!.. —

— Гъе, ’рра! — Всати загъта, —
Ахæмты тыххæй
Уастырджи фæдавта
Фос нæ мæгуыртæй;

Ауадз цæ йæхимæ! —
Уый та цæ хынцдзæн,
Давæггаг фыдимæ
Сын арахъхъ дæтдзæн!..

Бирæ нал уыд хурæй…
Зарынц та кæмдæр…
Дарддзæст лæппу дурæй
Акаст та ныр дæр…

Авд цуаноны бадынц
Айнæджы ныхыл,
Тынг хъазуатæй зарынц,
Нал хæцынц зæххыл…

«О, уæрæйдæ, Всати!
Ракæс, рафæлгæс,
Бæрзондæй ныллæгмæ
Мах дæр бафæдзæхс!

Мах — дæуазæг, Всати,
Ды — нæ фæдзæхсæг!
Бæрзондæй ныллæгмæ
Ракæс, рафæлгæс!..

Дзабыр нæй, — æрчъитæ!
Топп  – рæхсæнтæй баст,
Пака  худ  нысчъилтæ,
Сæр – æхсырфæй даст…

— Гъе, ныр, гъе, нæхион,
Разын ныр рæдау!
Аскъæр цыл нæ сион,
Хорз сæ фен, лæгау.