logo

М О Я    О С Е Т И Я



ЛÆГАУ

Фест райсомæй, лæгау,
Ныхс сапонæй дæхи
æмæ-иу скув: «Хуыцау,
Фæдзæхсын дыл мæхи!»

Дзул куы уаид, уæд бæргæ,
Дæу дæр дзы хай фæуид!
Куы нæ уа, уæд хæргæ!
Кæрдзынæй стонг æрвит!

Цæтгæ дæ хызын дар,
Тагъд де скъоламæ уай!
æнæзивæг куы уай, —
Хуыздæр бынат — дæ бар!

Зондамонæгмæ  хъус,
Цы зæгъа, уый-иу кæн,
Зæрдæхъæлдзæгæй кус,
æмæ бæззайтлæгæн!..