logo

М О Я    О С Е Т И Я



СИДЗÆРГÆС

Халон баргъæвст сындзыл.
Уад тымыгъ хæссы…
Сау айнæджы рындзыл
Нарыхъæу хуыссы…

Даргъ æхсæв фыдбонæй
Цардудæн хуыздæр…
Рухс цæуы кæронæй, —
Бадынц ма кæмдæр…

Иу зæронд ыскъæты, —
Тас хъæуы уæлдай,
Аззади фæсфæды
Ацы бæстыхай, —

Ма дискæ йæ бадтыл! —
Цуайнаджы уæлхъус
Архайы йæ артыл
Иу саударæг ус.

Артдзæсты кæрæтгы,
Фæныкмæ æнгом
Бадынц сывæллæттæ, —
Чи бæгънæг, чи гом…

Уазал æмæ стонгæй
Бирæгъ дæр тæрсы, —
Удхæссæг æввонгæй
Ахæмтыхæссы…

— Ма кæут, мæ хуртæ, —
Дзуры цæм сæ мад, —
Афыцой хъæдуртæ…
Абадутæнцад!..

Митæйдзаг æхсæлы
Мары фæздæгæй…
Цæстысыг ызгъæлы
Агмæ сусæгæй…

Хъуырмæ схæддзæ хъарæг:
“Дудгæ фæбада
Зæйы бын нæ дарæг,
Мах чи фæсайдта!..

Фондзæй уæ ныууагъта
Иу ныййарæгæн, —
Мады зæрдæ скъахта, —
Царæфтыд фæдæн!..

Зондæй мыл фæтых дæ,
О, мæ лæджы хай, —
Сидзæртæй фæлыгътæ
Ингæнмæ тæргай!..

Буц хъæбул дæм дзуры, —
Сфæлмæцыд йæ мад, —
Махæн дæр дæ цуры
Сцæттæкæ бынат!”

Цæстысыг ызгъæлы
Агмæ сусæгæй…
Митæйдзаг æхсæлы
Мары фæздæгæй…

Бафæлладкæуынæй
Бинонты кæстæр, —
Къонайыл æрфынæй
Адæмы хуыздæр!

Иууылдæр дæ адыл
Тулдзысты, фæлæу! —
Стонг æмæ фæлладыл
Тых хуыссæг кæм нæу!..

— О, гытци кæд уыдзæн?
Райс-ма, цæй, дæ аг!..
-Абадут!.. Фæуыдзæн
Алкæй дæр йæ фаг…

Аг кæлы йæ былтæй, —
“Хъæдуртæ” фыцынц…
Алы ран тымбылтæй
Сидзæртæ хуыссынц…

Стонг æмæ кæуынæй
Лæг куы сфæлмæцы,
Тарф у уæд йæ фынæй, —
Маст æм нал хъуысы.

Лыстæнмæ цæ хаста
Мад йæ хъæбулты,
Адæрсгæ цæ нуæрста
Алы бызгъуырты…

Скодта цæ рæбынæй,
Дæлфæдтæм æрбадт…
Гъай-да-гъа! Кæуынæй
Нал æфсæст сæ мад!..

Сидзæртæн хъæдуртæ
Се хсæвæр хуыдта,
Афтæмæй цын дуртæ
Цуайнаджы фыхта:

Афыцын æфсоны
Байрох уа сæ хæрд…
Стонг æмгъуыд йæ зоны,
Иу сайд ын æгъгъæд!..