logo

М О Я    О С Е Т И Я



ÆЙ, ДЖИДИ!

Бирæ фæлмæн тынтæ зæрдæ нывæнды, —
Бар ма йын радт!..
Бирæ цыдæртæ мæгуыры фæфæнды
Иуæй-иу хатт.

— Æй, джиди, — афтæ фæзæгъы йæхицæн,
— Искуы æздæр
Адæмы фарнæй куы скæнин мæхицæн
Кад æмæ сæр!

Тарфдæр мæ зæрдæ йæхимæ куы хæссид
Искæй зынад,
Дунейы хæрзтæй хуыздæр мæм куы кæсид
Уарзондзинад!..


Б.Дзиов "Æй джиди"