logo

М О Я    О С Е Т И Я



РАКÆС!..

Дзæгъæл мæ ныууагъта мæ фыд,
Нæ зонын мæ мады рæвдыд,
Нæ бæстæй фæхицæн дæн сонтæй.
Кæмдæрты æнæсæронæй,
æдыхæй, æцæгæлонæй,
Мæ уалдзæг æрвыстон фыдбонтæй…

Фæхæссон-ма, загьтон, уæддæр
Фæстæмæ мæ иунæджы сæр
Мæ Ирмæ, мæ райгуырæн бæстæм…
Мæ цæстысыг донау мызти,
Мæ зæрдæ фырцинæй рызти, —
Куы скастæн нæ цъитиджын хæхтæм.

æрцыддæн… Мæхицæй фыддæр
Мæгуырæй куы ссардтон дæу дæр,
Мæ уарзон, мæ иубæстон адæм!..
Нæ хæхтæй, нæ тыгъд быдыртæй
æмхуызон нæ иуæн дæр нæй, —
Кæм кусæм, кæм цæуæм, кæм бадæм!..

Лæджы хуызæн лæг нæм — ыстæм,
Бæрæг дæр нæ нал ис, цы стæм,
Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг? —
Кæдæмдæр ма хилæм куырмæй…
Гъе, Уастырджи, ракæс, цæмæй
Нæ фæуæм бынтондæр фыдвæндаг!..