logo

М О Я    О С Е Т И Я



АЗАР!

Æз дæ зарынмæ куы хъусын,
Уæд хъæлдзæгдæрæй фæкусын,
О, мæ хуры хай, —
Азар-ма, чызгай!..

Мах бар нал ысты нæ сæртæ…
Азар, цалынмæ дæ зæрдæ
Не ссау фырмæстæй,
Адæмымаетæй!..

Адæмæн зæхх у сæ дарæг…
Азар!.. Ракæ мыл-иу хъарæг, —
о, мæ бон, — иу зæгъ, —
Байстой нын нæ зæхх!..

Нал дæ бахъæудзæн ныр рувын...
Азар!.. Сахуыр мæ кæ кувын!..
Ма фæлидз тæргай,
О, мæхурыхай!..