logo

М О Я    О С Е Т И Я



ФЕСÆФ!

Фесæф, фесæф, цард,
Сау лæппуимæ,
Тагьд дæлдзæх фæу
Ме наадондимæ! —

Калмау мын мæ риу
Судзгæ баууыддта
Маст — зæрдæхалаен,
Иæ тых басæтта!

Афæлывта мæ
Сауæрфыг рæсугъд…
О, мæ худинаг,
О, мæгуыр мæ уд!..

Дзырд Хуыцауы раз
Радта иннæмæн, —
Къухæй нал ласы
Ныр йæ къухдарæн…

Гъей, чызгай, цæмæн
Афæлывтай мæн?!.
Цæй, дæ Хуыцау дын
Уæд тæрхонгæнæг!..

Даргъ хæххон зымæг,
Уалдзыгон бонау,
Нырæрымысын.
æз, фынфенæгау…

Кæд кæрæдзийы
Фаг нæ рæвдыдтам?
Кæд кæрæдзийæн
Фаг нæ фæдзырдтам

Уарзон ныхæстæ,
Цардæнхъæлæджы?!.
Гъей, цы хъал уыддæн
Уыцы рæстæджы!..

Ныр дæу чи хæссы,
Уый йæ лæджыхъæд
Мемæ бавзарæд,
Кæд хуыздæр у, уæд!

Йе — йæ топпæй хъазт,
Йе — йæ бæхыл бадт,
Йе — йæ кæсгон кафт,
Йе — йæ цæгъдгæ зард!.
Дæу сырх дарийæ
Хорз ысфæлыста!
Дæу сызгъæрин рон
Нарæг балвæста!..

Риуы ’гьнæджытæ
Хъазынц стъалытау…
Уæд дæ хæрдгæхыуд,
Уаед дæ алы ’гъдау!…

Фесæф, фесæф, цард,
Саулæппуимæ,
Тагъд дæлдзæх фæу
Ме намондимæ!

Калмау мын мæ риу
Судзгæ баууылдта
Маст — зæрдæхалæн, —
Йæ тых басæтга!