logo

М О Я    О С Е Т И Я



САГЪÆС

Мæ удылхæцæг
Æнæ æнцой уа,
Мæ мады зæнæг
Мæ мардыл кæуа!

Куыд зæхмæдзыд дæн,
Куыд фыдуаг хæссын, —
Мæ фыдæн фыртаен
Цæуылнæ бæззын?

Хъæубæстæй — хъоди,
Æмгартимæ — сырд,
Ныхасы — гоби, —
Нæ мæ хауы дзырд.
Мæ зонд, мæ фæндыл
Нæ лæууы кæстæр,
Кæстæр мæ фæдыл
Нæ цæуы хæстмæ.

Бæсты сæрвæлтау
Нæ кæлы мæ туг;
Хæссын, къæлæтау,
Цагъайраджы дуг!..