logo

М О Я    О С Е Т И Я



САГ ÆМÆ УЫЗЫН

Тар хъæды иу саг, пырхкалгæ йæ уонтæй,
Уынæргъгæ уади, — йегар æй сырдта…
Доны былмæ ма ныййирвæзт фыдбонтæй,
Ахауди дуртыл… йæ мæлæт зыдта…

— Ох-хай, гъе! — радзырдта къутæрæй сагмæ
Уызын, — фæцæф дæ, мæ лымæн, сæрæй?
Рагæй æмхиц у нæ уæздан мыггагмæ
Хъримаг, йæ хицау фæкæна дæдæй!..

— Ох-хай, гъе! — сæрджын саг уызынмæ дзуры:
Мах саг-мыггагæй уæздандæр нæ уыд.
Ныр, кæд дæ хуызæттæ махмæ дæр гуыры, —
Афонмæ дæр нæ фæцæгьдын куы хъуыд!..