logo

М О Я    О С Е Т И Я



ÆРРА ФЫЙЙАУ

Раджы хохы цъуппæй касти
Иу æрра фыййау.
Мигъ æнгом йæ быны бадти,
Урс цагъд къуымбилау.

Бахъазыд дын æм йæ зæрдæ, -
Тæккæ былгæрон
Дурыл авæрдта йæ къæхтæ:
“Агæпп æм кæнон, -

Загъта, — фос уал ам мæ сæрмæ
Хизæд уæзæгыл,
æз фæхуысдзынæн изæрмæ
Уыцы бæмбæгыл…”

Дардыл йе уæнгтæ фæхаста, -
Гъопп! — зæгъгæ, йæхи
Пуртийы зыввытт фæласта…
Лæг ныххæррæгъ и!


О.Басаев "Безумный пастух"