logo

М О Я    О С Е Т И Я



КÆМÆН ЦЫ…

Алцæмæндæр — рад:
Буц лæппуйæн  — мад,

Хорз фыййауæн — фос,
Бирæ фосæн — хос,

Хоры кæндæн — зад,
Хоры хæрдæн — кад,

Хорз зæрдæйæн — уарзт,
Сонт рæдыдæн — барст,

Рагон мастæн — тад,
Загъдкъахæгæн — над,

Магусайæн — цæф,
Цырд лæппуйаен — кæф!