Удæнцой ма фена, махæн нæ цардывæнд
Чи халы барынвæндæй!..
о, мæ ныййарæг, æвзаргæ тын ма нывæнд, —
Цухъхъатæ дарæн мын нæй!..
Морæ фæсбынæй дæ буц хъæбулы зæрдæ
Нал ысрухскодтай, мæ мад! —
Исчи дæ фыртæн куы асæтта йе фсæртæ,
Додой, куы райса йæ над!
“Стонгаей мæлын, гыцци!” — никæмæ бадзурдзæн, —
Буц хæринагæн ын — кас…
Талынг къазармайы къуымы-иу батулдзæн,
Сау хъæмп — йæ гобан, йæ баз…
Иртæст йæ дзыллæйæ, уайтагъддæр базондзæн
Фидиссаг цардæн йæ ад;
Усгур лæппуйау дæ ницæуыл бадомдзæн, —
Хорз уа, æвзæр уа — салдат!
Исчи куы ныммара искуы дæ дарæджы, —
Чи ма йын райсдзæн йæ туг?
Ракæн-иу, ракæ йæ сагъæс дæ хъарæджы,
Аргæвд-иу хистæн нæ хъуг!..
о, мæ ныййарæг, уæд дын æз æрбамæлон,
Ма ку!.. Фæуыром дæхи!..
Фенæм уал… Фесæфæд сау лæппу цардбæллон,
Чи мæ цы айса — йæхи!..
.