logo

М О Я    О С Е Т И Я



БИРÆГЪ ÆМÆ ХЪРИХЪУПП

Алчи зыдгæнæджы
Бирæгъ фæхоны.
Бирæгъ зыд кæй кæны, —
Чидæрид зоны…

Раджы та иу бирæгъ
Нард хæдмæл хордта,
Афтæмæй адæмæн
Тугуарæн кодта.

Диссаг æвналынмæ,
Цас ын æнтысти!
Уалынмæ уоны стæг
Хурхы нынныхсти.

Атылди, адаргъ и,
Нал уыд йæ сæрæн…
Амонд йæ хъахъхъæнæг
Ахæм æвзæрæн!

Хърихъупп хæстæджыты
Донбылтыл зилы…
Бирæгъ йæ цыппæртæ
Хърихъупмæ тилы.

— Ай та цы диссаг у?
Рагæй æрæгмæ
Никуы мæм бабæллыд
Бирæгъ хæстæгмæ…

Хърихъупп фæзæрдæлхæд,
Абадт йæ цуры:
— Цæй-ма, цы мæ кæныс?..
Сырд ма кæм дзуры!

Иу цæст ма фезмæлыд,
Иннæ ныдздзагъыр…
Хърихъупп цæстæнгасыл
Рагæй уыд ахуыр, —

Бирæгъы хъæлæсы
Фатау фæцавта
Даргъ бырынкъ, афтæмæй
Уæныстæг сдавта.

Бирæгъ ысулæфыд…
Фервæзт нæ рынчын!..
Хърихъупп æм бадзырдта:
— Цæй-ма, мæ мызд мын!

Сырд дын фæхъæр ласта:
— Гъæ, дзæгъæлхæтæг!
Гас мын кæй баззаддæ
Абон дæхæдæг!

Бузныг цæуылнæ дæ,
Гайтма мæ дзыхæй
Де ’взæр лæгуын къоппа
Райстай дзæбæхæй?!.

Барст дын уæд ацы хатт,
Ацы тыхтона!
Искуы ма фембæлæм, —
Додой дæ къона!