logo

М О Я    О С Е Т И Я



СÆРДЫГОН  КЪÆВДА

Хъæргæнгæ:, — «Хæзнатæ нæм хауы уæларвæй!» —
Сывæллæттæ уайынц къæвдайы фæдыл…
Фæлæуут, мæ хуртæ! — гъе уыцы хæзнатæй
æруидздзыстæм мах дæр: нæ къутутæ дзагæй
Лæудзысты мæнæуæй, — фæлæуут чысыл!