logo

М О Я    О С Е Т И Я



АХУЫР

Адæмы фæзмгæйæ иухатт мæ йерæдзыпп
Ахастон тулдзджынмæ мемæ.
Цуанон та ахæм дæн, æмæ мæ цуанонтæ
Цуаны нæ фæуадзынц семæ!

Исты дзы фехсон — мæ зæрдæ куыд загътаид, —
Ифтыгъд мыййаг дын куы нæ уыд! —
Фыдæлты хæзна нæ къулыл æнæсæрфтæй
Иу-фынддæс азы фæлæууыд.

Ацыддæн зад хуымтыл, хосгæрстмæ схæццæ дæн,
Адæм кæм кусынц, кæм бадынц;
Чи фæци, чи та ма хордта йæ аходæн…
Фæрныджы зиууæттæ зарынц…

Бахызтæн хъæдбынмæ, бакастæн æрдузмæ, —
Уæртæ дын иу лæг фæхъуызы…
Иу къæцæл дæр æм нæ уынын хæцæнгарзæй,
Иу сыбыртт дæр дзы нæ хъуысы…

Ай мын цы ми кæны, уый куы нæ базонон! —
Пыхсы йæ фæдыл фæхъуызын…
Ноджы кæсын, æмæ уæртæ йæ тæккæ раз
Ферох кæмæйдæр йæ хызын…

Макуы дын бантыса, макуы дын батайой
Уыцы мæгуыры къæбæртæ!
— Гъей, хорз лæг! Ма бакæ! Худинаг, худинаг! —
Нал æм фæлæууыд мæ зæрдæ.

Хуыснæг дын фестьæлфыд, йе ’ргом мæм фездæхта.
Ох-хай, гъе! Уæртæ зæронд лæг!
Джихæй мæм аззади, исдуг фæдурдзæфау…
Нал уыддæн хорзау мæхæдæг…

Бахудт йæ мидбылты… — Ма тæрс, мæ хуры хай, —
Дзуры мæм, — базыдтон, чи у, —
Ма тæрс! Мæ хуыснæгад раджы куы ныууагътон;
Искæй нæу хызын, мæхи у!

— Ау, кæд дæхи у, уæд ма йæм цæмæ хъуызыс?
Чи дæ нæ уадзы йæ райсын?..
Уайсадæг чындзау мæм ноджы ныкъкъæмдзæстыг. 
— Афтæ, мæхицæн дзы хъазын, —

Загъта ма, мæгуыр, йæхæдæг ныуулæфыд…
Тудæджын ын фестаддæн, хъуамæ!
Дзурын æм нал уæндын; дзурын дæр чи уæнды
Уыйбæрц æдæрсгæ æррамæ?!

— Гъей, лæппу, — фергом лæг, — ам мæ кæй баййæфтай,
Уым дын мæ диссаг зæгъдзынæн:
Сихор мæн у, фæлæ ма йæ куы радавон, —
Адджындæрæн æй хæрдзынæн.

Худгæ мыл ма фæкæ! Къаннæг сывæллонæй
Сахуыр дæн сæфты хуыснæгыл,
Сомы йыл бакодтон, искæй фос нал давын,
Фæлæ фæхæст дæн хæйрæгыл.

Фынгтæ мын байдзаг кæн алхъуызон минасæй, —
Айдагъ сæ уындæй ныккæрзын!
Цалынмæ-иу æй мæхицæй нæ радавын, —
Ад мын нæ кæны мæ кæрдзын…

Лæг дзырд нæма фæци, афтæ дын хъæдбынæй
Иу бирæгъ рахæддзæ фахсмæ.
Лæг топмæ февнæлдта… Хæхтæ ныццараудтой…
Бирæгъ æртылди нæ размæ…

— Оу, мæнæ диссæгтæ, царцаты диссæгтæ!
Армы тъæпæнтæ фæцагътон:
Лæг ма цыфæнды фæуæд, фæлæ йерæдзыпп
Ифтыгъд нæу зæгъгæ нæ загътон?!.