logo

М О Я    О С Е Т И Я



ЗЫМÆГ

Хъызт зымæг, тыхст зымæг —
Нæ катай, нæ мæт!
Йæ бонтæ — фыдбонтæ,
Йæ бахсæв — мæлæт.

Нæ хъæутæ — лæгæттæ,
Нæ фезмæлд — зæйуат.
Фыдæлтæй нын баззад
Зæйы сæфтæн рад.

Нæ мæгуыр, нæ сидзæр,
æнæхай куыстæй,
Хуыцаумæ дзыназынц
æстонгæй, сыдæй…