logo

М О Я    О С Е Т И Я



ЗÆРДÆЙЫ КÆЛÆНГÆНÆГ СОНАТÆ

Кæд дæ поэты зæрдæмæ ныккæсын фæнды, кæд дæ фæнды базонын чи у æмæ цæмæй цæры, уый, уæд ын райс йæ чиныг æмæ йæ бæстон бакæс. Чиныг у, чи йæ фыссы, уый туг æмæ стæгæй. æмæ чиныг уымæн вæййы дзыллæйæн хæрзгæнæг, кæнæ та фыдгæнæг.
Ахæм хъуыдытæ мæм сæвзæрын кодтой, цы чингуытæ-иу бакастæн, уыдон. æз æнхъæл дæн, æмæ, чиныгкæсæг аивад куы æмбара, уæд дзы æппæты фыццаг фендзæн фыссæджы фæлгонц.
Кæцыфæнды поэтæн дæр йæ фыццаг чиныджы фылдæр ис æнæхин æнкъарæнтæ, хуымæтæгдæр, фæлæ зæрдæбындæр хъуы-дытæ.
Ахæм хонын Мамыкъаты Хъазыбе-джы фыццаг чиныг «Мæйы сонатæ» дæр. æз поэты лæгæй-лæгмæ нæ зонын, фæлæ йын, йæ чиныг бакæсгæйæ, мæ зæрдæйы йæ ныв скодтон. æмæ уый у, хорз æй чи зоны æмæ йын аргъ чи кæны, уыдоны хъуыдытимæ æмхуызон.

Нæ дæн поэт,
Мæ хъури ку нæ бада
дзилли зинбæл,
дзилли зианбæл —
гъарæнгæ.

Æцæгæйдæр ма, дзыллæйы мастæй йæ зæрдæйы тæгтæ кæмæн нæ нырризой, сæ цинæй йæ зæрдæ кæмæн нæ ныззара, уый цы хъуамæ бавæййы йæ адæмæн?!
Ацы æмдзæвгæйы рæнхъытæ хорз зæгъыны охыл не ’рхастон. Ацы æмдзæвгæйы хъуыдыты æнгæсæнтæ ма кастыстæм Къостамæ. Фæлæ уыдон æвдисæн сты, поэт йе стыр хæс кæй æмбары, уымæн. Ууыл дзурæг ма у — тыхджындæр æмæ рæсугъддæрæй — йæ цыбыр æмдзæвгæтæй иу:

Æфстау зынгæй нæ судзы пецы арт,
Æфстау рæнхъытæй нæй фыссæн æмдзæвгæ, —
Нæ райсдзынæ æфстау ды искæй цард,
Дæхи цард дæр нæ ратдзынæ, нымдгæнгæ.
Хуыцау дын радта царды зынг лæвар,
Æмæ йæ ды хъуыры æгънæгæн дар!..

Поэты фидарæй уырны, Хуыцау цы адæмы сфæлдыста, уыдонæй алчидæр уæларвон зынгæй хайджын кæй у, уый. æмæ сæ алчидæр хъуамæ уыцы зынг хуыссын ма уадза. Уымæн æмæ уый у æцæг амонд — Хуыцауы зынг. æмæ нæ алкæмæн дæр йæ сæры, йæ зæрдæйы ис.
Чиныджы лирикон хъайтар у сыгъдæгзæрдæ, йæ бæллицтæй  уæлæрвтимæ баст чи у, ахæм:

У арв поэзийы хæдзар:
Цæрынц уым Кад æмæ æхсар,
Æууæнкад, Ныфс, сæ хистæр Уарзт, —
Нæры сæ гом рудзгуытæй хъазт.

Хъазыбеджы цæст ахæм хорздзинæдтæ зæгъы канд йæхи адæмæн нæ, фæлæ æппæт дунейæн дæр. Уымæн, æмæ иу адæмы амондæй æппæтон амонд нæй. Зæхх æмæ арв сты кæрæдзиимæ баст. æнæ кæрæдзи уыдон куыд ницы сты, афтæ ницы сты адæм дæр æнæ кæрæдзи уарзгæйæ.
Космосон у поэты цæстæнгас:

Дедзырой кæны
арвы рухсгæнгæ æндары
Бонвæрнон...
Ныртæккæ йæ
зæлдаг ехс — тынæй
хур кæлæнгæнæгау æркъуырдзæн, —
Æмæ уæлдæр дунетæн райдайдзæн сæ фын...
Къæдзилджын стъалытæ,
сызгъæринбарц кæсæгтау,
нæ кæндзысты цъыллинджытæ...

Уыцы  рæсугъд нывты ивы аргъауæн хæссинаг ныв:

Зæрватыччы цъыбар-цъыбурæн хур
зæрин тынтæй æмдзæгъдгæнгæ ыссæуы...

Гъе, ахæм рæнхъытæ комдзог рацæуынц поэты æцæг курдиатыл.
Уæлæрвтæ æмæ зæххон дунейы æнгом бастдзинадыл дзуры æмдзæвгæ «æнæном ингæны уæлхъус» дæр.

Дæу чи зоны Хуыцау йеддæмæ, чи?..
Дæуæн æрмæст Хуыцаумæ у дæ каст,
Хуыцауы рухс та узæлы дæ русыл,
Йæ уаз ныхас ныдзæвдзæнис дæ хъусыл:
«Кæндзынæн дæ тæрхоны бон æгас.
Ныр та уал хуысс дæ рæстæгмæ хæдзары...
Ныр та уал хъус, бæрз бæлас дын куыд зары,
Ыстæй — дæ сæрмæ — стъалыджын къуырфау...»

Хъазыбег йæ фæлгонцтæн ахорæнтæ æмæ сфæлдыстадон æрмæг æрмæст зæххон цардæй нæ исы. Уымæн йæ поэтикон уд баст у зæххон æмæ уæлæрвты дунеимæ.

Мæ сагъæстæ —
бæрз бæласы сыфтæртæ...
Мæ цæстытæ —
сæууон хур æмæ мæй.
Æз рахастон мæ зæрдæйы цæхæртæ
Æмæ сæ арвыл байтыдтон æрмæй.

Поэт табу кæны сыгъдæг чи у, фарны хъуыддæгтæ чи аразы, йæ уды рухсæй дзыллæйæн хай чи кæны, уыдонæн.

Сыгъдæг дæн æз. Ыстъалыйау рæсугъд,
æрвон зæдау, бæрзонд æмæ æназым.
Сывæллонау æгæрон цинтæ нуазын
Фæфæнды мæн... æлутон мын хæссут!
Йæ худ мын сисы алы хатт рæстуд.
...................................................................
Æвæры уый йæ сагъæстæ тæразыл —
Бæрзонд рæстдзинад йе стырдæр мæт у.

Æвæццæгæн, ахæм поэт нæй, æмæ афæдзы афонтыл æмдзæвгæтæ чи нæ ныффыста. Фæлæ та Хъазыбег ацы темæйæн дæр ссардта йæхи ахорæнтæ, йæхи мадзæлттæ, йæхи фæлгонцтæ.

Чидæр аппæрста дунейыл йæ урс кæлмæрзæн,
Цæмæй уад æмæ бæлæстæ ма амарой кæрæдзи.

Мамыкъайы-фырты сфæлдыстадон темæтæ кæд алыхуызон сты, уæддæр сæ иу кæны поэты дунеæмбарынад, йæ зæрдæйы сыгъдæгдзинад, йæ уды уарзт. Уарзондзинад мадмæ, поэты сæнтты рæсугъд чызгмæ, Хуыцаумæ, Чырыстимæ, ирон дзырды æрвон æмæ æхцон зæлтæй йын йæ зæрдæ чи балхæдта, уыцы поэттæм. æмæ канд ирон поэттæм нæ — уый уарзы, дунеон литературæйы стыр æнтыстытæ кæй къухы бафтыд, йæ фарны ныхас цардæгасгæнæг кæмæн у, уыдоны. æмæ сæ тæлмац кæны йæ мадæлон æвзагмæ: А. Пушкин, М. Лермонтов, А. Блок, В. Брюсов, В. Бальмонт, Н Гумилев, А. Тарковский æмæ æндæрты сдзурын кодта ирон æвзагыл.
Уырыссаг æвзагæй дыгуронмæ иттæг аив æмæ тыхджын ра-тæлмац кодта Малиты Геуæргийы æмдзæвгæ — «Хуæнхаг кизги зар».

Имисун, æна дзоридæ:
Арви хæдзари, уæлйау,
Исфæлдиста æхе стъалу
Алли уодæн дæр Хуцау.
Нæ мæгур къæси къæрадзæй,
Æркъолæ кæнгæй мæ сæр,
Арвмæ фæккæсун ме ’нкъарди, —
Ку ’рбауолæфуй изæр.
Æстъалути цæхæр — гъазти —
Цийни будур, аргъау фун.
Фал ме стъалуй сæ медастæу
Нæй мæ нивæ æстæфун.
Ци рауæн дæ ду, ме стъалу,
Кæми содзис æнкъардæй?
Цæй, еу хатт дæхе равдесæ
Æнæфæууогæ арфæй.

Мамыкъайы-фырт зæрдæмæхъаргæ æмдзæвгæтæ ныффыста Хетæгкаты Къостайыл, æрнигон Иласыл, Хъодзаты æхсарыл, Хаджеты Таймуразыл, Колиты Виталийыл æмæ æрыгон поэт Гибизты Оскарыл. Уый сæ арфæйаг у, йæхи уды сыгъдæг-дзинад æмæ рæстуд сын се сфæлдыстады кæй уыны, уый тыххæй.
Мæ зæрдæмæ æппæтæй тынгдæр цы ’мдзæвгæ фæцыд, уыдонæй иу у «Зæронд куй». Куыдз базæронд, бакуырм. Йæ хицау æй сæрвæты дзæгъæлæй ныууагъта. æмæ йын йæ мæлæтмæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсынц халæттæ. Ацы дурзæрдæ дунейы йæ ниуын никæмæ хъуысы. æмæ поэт дæр зæгъы:

Цъæх зæлдæбæл мæлуй хъæрæу куй,
Æркæлуй сау халæнттæн сæ сæтæ...
Хор ба мегъæй æ цæстæ сæрфуй, —
Исуингæг уй, ка ’й зонуй, æ зæрдæ...

Чиныг бакæсгæйæ, мах уынæм поэтикон фæлгонцтимæ авторæн йæхи фæлгонц дæр. Уый у Хуыцауы сконд адæймаг, рæстдзинадæн стыр аргъ чи кæны, искæй тыхсты иувæрсты чи нæ ахиздзæнис, ахæм сфæлдыстадон кусæг.
Адæймаджы ахæм хорз миниуджытæ рахатгæйæ, мæнæн мæ бон у, æмæ Хъазыбеджы чиныгæн радтон ног ном: «Мамыкъайы-фырты зæрдæйы сонатæ». Уымæн æмæ чиныгæй æрдæфæнтæ калынц нæ поэты зæрдæйы тынтæ.

Æлборты Хетæг

Зæрдæйы кæлæнгæнæг сонатæ
Сыгъдæг сыфы монолог
Рахауд бæласæй сыфтæр
Фæстаг рындз
Этюд
Дзаг рифтаг
Зымæг
Мæ фыдæн
Æфстау зынгæй нæ судзы пецы арт
Зилгæуад
Хъодзаты æхсарæн
Мæгуыргуры худ
Мæгуыры хъарæг
Фæтæхынц хърихъуппытæ
Мыггаджы мæсыг
Ныууагътай ды нæ хохбæсты дæ къæс
Мæйы сонатæ
Æнахуыр  фын
Челейы  ардуан
Æнæбары рæнхъытæ
Куырм лæг
Сау Фурды былгæрон
Тыхджын у уарзт, фæлæ йæ зæрдæ
Фæвæййы сæрд, хъуызгæ фæцæуы
Сонет
Фæззыгон бон, зæронд мæра бæлас...
Къостайæн
Вертеры фæстаг фыстæг  йæ уарзонмæ
Чырыстийы мæлæт
Скув-иу
Чырысти райгас
Æрвон рухс
Чырыстимæ æрцу
Зæххон цин
Хаджеты Таймуразæн
Мæ сагъæстæ
Сæрд
Л-йæн
Зарæг
æрæгвæззæг
Мæ хъомыс сау пъæззы æмбæрзы
Хъынцъым
Мæ мадмæ
Сурæт
У арв поэзийы хæдзар
Æрцыдтæн дæм, мæ сабидуг, æрцыдтæн
Уд
Æнæном ингæны уæлхъус
Бонивайæн
Къостайы фæзмгæйæ
Поэт æма дуйне
Илас æрнигони
Ниуазтан кæрæдзей уарзт зудæй
Аргъау
Дæ цæстити гъар
Ме ‘рхунти бæласæ
Æртивæрæй федунмæ дæ зинтæ
Æрхун
Сурх-Дигори
Тар æхсæвæ...
Æмæ æнхъæлмæ кæсынæй уæлдай
У дæ фарн кæуылты
Дууæ цардей астæу
Мæ гъуди
Æрфæни  фæд
Кæдмæ?
Сау  зумæг
Зæронд куй
Зумæг
Нæ дæн поэт!
Гобети цæраййæн
Рæстæг æма дуйне
Нæ фæлледзуй хор фæстæмæ ...
Л-æн
Уардта, уардта къибилатæй
Зæрди нези едæгти инсойнæ
Поэти монологи
Мæ Сонтадæ
Гибизти Оскарæн
Уалдзæг
Цал надей фæсте цæуис
Цъæх ма йæй мæ исони сау зин
Фунивайæн
Ниццæйсугъдæй мæ гъудий арт
Уарзти цадæ
Хулуй сог нæ цæфсдзæй æхе барæй
æртудта мæ гъудий къубулойнæ
Сонет мæгургорбæл
Ристи нивæ
Нæ цæуис мæ зæрдæмæ...
Нарти кадæнгитæ кæсгæй
Дигоргоми
Скъæвди зар
æгъуссæг
Зæронд лæги сагъæстæ
Фæззæг
Еу поэтæн
Дууæ арти
Фун
Сахуаруни размæ
Мæ бæлдити куройнæ
Мæ рæуфунтæ
Этюд
Арæхсуй синхи бадти Сирдон
Басилти зар
Фæззигон гъудитæ
Хори тунæ...
Зумæги хузтæй
Тæлмацтæ
Казбек Мамукаев - на русском языке