ÆНАХУЫР ФЫН
Æнахуыр фын… цы карз уыди, цы дæрзæг!..
Ныццарыдта, ныццæлхъ ласта мæ рис…
Мæ зæрдæ мын ныррус кодта цыдæр зæд,
уыраугæ удæй ратыдта æрхъис…
Фæудаист дæн, оххай-гъе, фæуадзыг,
пехуымпарау, мæ рыст зæрдæ ныддур,
цыма мыггагмæ нал æрцæудзæн уалдзæг,
тъымы-тъымамæ ахуысдзæни хур…
Æнахуыр фын… æнахуыр фын… æнахуыр…
Цынæ фендзæн, цынæ бавзардзæн лæг…
Мæ удæртау мæ тарф фыны фæкъахыр…
Цы зæд, цы дуаг æм бакодта хæлæг?..