* * *
Фæвæййы сæрд, хъуызгæ фæцæуы,
уæддæр ма ивазы йæ хал:
куы ныл йæ тæрккъæвда ныккæуы,
куы калы судзгæ хур йæ хъал.
Фæлæ йыл нал ауæрды фæззæг
Æмæ йын ивазы йæ дыс:
куы-иу ын акалы йæ фæздæг,
куы та козбау кæны, хъæбыс.
Фæцæуы сæрд, йæ тых æрмынæг,
фæлæ нæма хæты зынггур,–
куы буары ахизы сæлфынæг,
куы, мады баузæлдау – хур.
æрхæссынц дзаг фæздæттæ хъомтæ,
уæлдæф – æхсыры тæф хæссæг.
Хорз байрйат, ме ‘фсымæр, мæ хотæ,
Æрцæуы цадæггай фæззæг!..
æрмæст нæма ласы йæ дарæс
уый сæрды зад хуымы кæрон...
Ныр-ма йын дуар нæ кæны дуаргæс,
ныр-ма йыл тухы арв йæ рон...