ЗÆРОНД ЛÆГИ САГЪÆСТÆ
Нирризтæй мæ уод, фæрсуй мæ:
цæбæл æй, цума, дæ тæх? –
Ку нæбал тасуй дæ суйнæ,
ку нæбал кафуй дæ бæх.
Ку нæбал ес арт де скъуæлхти,
дæ йацъагъуæ – базурсаст,
ку ниууæгæ йæй дæ къæхти
ругæ нæдти сосæг уарзт.
Кæддæр дæбæл уозæлидæ
мади хузæн хори рохс,–
нур иссæнцæ уорс уæлитæн
сæ будур дæ сæр, дæ рос.
Дæ фат-æхст адтæй фур дæсни,
нæ евгъауидæ мулдзуг –
æрæллау æй нур дæ цæсти
хæрæмегъи уомæл суг.
Дæ фатдони мисайнагæн
еунæг фат дæр нæбал ес,
ниххиттæй ди, æфсæйнагау,
еунæг лимæн-æмбал – нез.
Уæд ци ма ‘нцæ дæ тæлæнтæ,
цæбæл ма ‘й дæуæн дæ тох? –
Кæд кæлуй ма, рохс алантау,
дæ дадзинти фицгæ тог.
Айдагъ тогæн ести ‘нгъæл дæ
арвæй сау зæнхи æхсæн! –
æй, ка ‘й зонуй, еци бæлдæ
дæ фæстагдæр фæххуæцæн...
Нирресуй мæ уод, фæрсуй мæ:
цæй, ци ма ‘й нур ма дæ тæх? –
Ку ниххæрнæгъ æй дæ суйнæ,
ку никъкъулух æй дæ бæх.