* * *
Цъæх ма йæй мæ исони сау зин,
æ цъæхснаг ниййарауй мæ гъости,
æууелун мæ хæрнæгъи кæрдзин,
мæ цæстсуг ниммарун цæсти хъозги...
æз серабæл лæуун бæгъæнбад,
нæма фæдтæн нур ма мæ нез уордæг,
хор арвбæл ниййигъæнста æ йарт,
кæд фицуй мæ зæрдæй бор фезонæг...
æз лæуун, æрзилдæй мæбæл арв,
арви ‘ндурæ бæдтуй мæ уæргутæ,–
нимæхсун мæ рист уоди дæларм
сау катаййи инод дзæнгæргутæ...