РÆСТÆГ ÆМА ДУЙНЕ
Гæлдзуй кадæр фæснадмæ æ бæлдитæ,
оххай, кæндзæй тадхуалитæ е ‘сон.
Бурдæн – тумугъти цæдесон –
хездзæй уой сæрбæл уорс уæлитæ.
Афæй – рæстæги сувæллон –
цъирдзæй уой тухæ мади ‘хсирау,
неугæ тæхдзæй æ сæрти æстонг сирдау
рæстæг-халон...
æрмæст дуйне æ не ‘рлæугæ зелдохи
калдзæй тæмæнтæ æнæсцохæй.