* * *
Æмæ æнхъæлмæ кæсынæй уæлдай
Ницыуал баззад дæуæн.
Малиты Васо
Нæ ауæрдуй рæстæги куройнæ:
Æ сифтæр æрæзгъалдта фæззæг;
кедæр уод кæд авгау ниббуройнæй,
кедæр арт кæд иссæй бор фæздæг.
Басастæй æрдæгбæл кедæр гъуди,
исæцæг æй кедæр лæгъуз фун...
Кедæр цийнæ байзадæй евгъуди,
кедæр цард æй æрмæст имисун.