ПОЭТИ МОНОЛОГ
Кæми ‘й райдайæнти райдайæн?
Ци æй кæрæнттæн сæ кæрон?
Кæнæн не ‘нкъардæн къæбæр-сайæн,
фал е ку фестуй æвдодон.
Е æрбансуфуй æнæнгъæлти,
райгæрдуй зæрдæ циргъ синдзау,
райсун мæ къохмæ уæд гæгъæди,
исуй мæ гъуди мæ Хуцау.
Æма тæхунцæ сау рæнгъитæ,
æрхун кæнуй си мединæргът;
истуй сæ сæргъи къумæлхийтæй
мæ фестæг гъудити рæдзæгъд.
Фал сæ райхалун ци пайда йæй? –
æнцæ гъудитæ нæрæмон...
Нæййес райдайæнтæн райдайæн,
кæрон не ссердзæй æ кæрон...