ХЪОДЗАТЫ ÆХСАРÆН
/ 60 азы бонмæ /
Æфсæнау фидар фестæд де стæг,
Æрфæнау де ‘фсургъ сгарæд тар!
Сахаты ‘хсай минутау фесты
дæуæн æхсай азы, æхсар.
Сахаты цъыччытыл æрæздæхт
кæд де ‘взонг, Бобронау – сыгъдæг,–
Дæ фарны зарджытæн къæрццæмдзæгъд
кæны йæ уды арфы лæг.
Æхсар, ирон дзырды куырд кæй дæ,–
Æнтæф бон басгуыхт суары дон.
Æхсар, æхсæрдзæны рыгæй дæм
Æрттивæд арвæрдыны рон!
Æхсар, æхсай азы ма рухс тау,
зынг-тохы ма стайæд дæ арм!
Дæ зарджытæ – Сыгъдæг æрдузтау,
хæссынц, æнусты æмуæз, фарн.