ЧЫРЫСТИМÆ ÆРЦУ
Нæ дæ фæнды дæ тæригъæдтæ фидын,
Зындоны арты ма кæнай цæрддзу,—
Гъе уæд дæм абон, о мæ хæлар, сидын,
æмæ мæнау Чырыстимæ æрцу.
Кæд дæу фæнды æрвон дзæнæт ыссарын,—
Фæсмонгæнгæ дæ ивгъуыдыл фæку,
Дæ удæй фехъус рухс уæлæрвты зарын,
Æмæ мæнау Чырыстимæ æрцу.
Кæд дæу фæнды Хуыцауы фенын тагъддæр,
Кæд дæу фæнды уæларвæй исын дзул,—
Гъе уæд ды дæр чырыстоны хал ахæр,
Æмæ мæнау Чырыстимæ æрцу.
Æрцу, мæ хур, æд бинонтæ, æд зæнæг —
Дæумæ сиды Йæ аргъуаны дзæнгæрæг.