ХЪЫНЦЪЫМ
Тъымы-тъыма – рыстфæлдисæны авдæн –
фæливы мæн куырысмæдзог лæгау...
Мæ бонтæ мын фæвæййы, «бецау», давдæй,
йæ артæн уисгай райхæлдта мæ кау...
Фæлæ мæ зæрдæ баст куыдзау цы сырра,
ыстæлмытæ цы хъынцъымты мæ уд?..
Мæ дыргъдонмæ мæ нал уадзы пысыра,
кæны мыл мæй Сырдоны хъуджы худт.
Мæхиуыл худын аивæй: æз дæр кæд
поэты рухс ном гамхудау хæссын,
мæ урс гæххæтт кæд ивад у, æбæркад,
Æртыхсти кæд мæ сау рæнхъытыл сындз...
Зынгфæлдисгæ ныццæх-цæх кæны зæрдæ:
хъынцъым-цъысым дын ценнæ у æгъгъæд!..
Нæ уды уæнт æхсар æмæ æхсæртæг,
сæ фарн-фæткъуы та макуы фæуæд хæрд!